Адæймагæн фыццаг медицинон æххуыс раст куыд бакæнгæ у, уыдæттæ амыдтой Заводы поселочы ахуырдзаутæн. Фыццаджыдæр, хъуамæ ма фæтæрсой. Æххуыс ракæнынмæ сæ хъуамæ алчидæр цæттæ уа. Бирæ хатт афоныл конд æххуысæй аразгæ вæййы адæймаджы цард. Ныр, дæсныйад æвдисæг ахуырты фæстæ поселочы скъоладзаутæ уыдæттæ базондзысты. Сæйрагдæр цæуыл ныхас кодтой сæ зондамонджытимæ, уый базыдта не сфæлдыстадон къорд.
Адæймагæн фыццаг медицинон æххуыс раст куыд бакæнын хъæуы? Уый тыххæй радзырдтой Заводы поселочы 34-æм скъолайы 7-8 кълæсты ахуырдзаутæн. Скъоладзаутæн алцыдæр æмбарын кæнынц бæстонæй. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй цæст цы уыны, уый сæры магъз дæр хъуыды кæны. Сывæллæттæ ахæм хуызы ахуыртæй разы сты. Рынчынæн раст æмæ хъæугæ æххуыс бакæнын сæм ахсджиаг хъуыддаг кæсы.
Ахæм уроктæ скъоладзаутæн сарæзта æппæтуæрæсеон студентон ирвæзынгæнджыты корпус. Йæ цæгатирыстойнаг хайадæн разамынд дæтты Хъараты Роман. Уый ацыд сæрмагонд ахуыртæ, уый фæстæ йын радтой æвдисæндар. Куыд зæгъы, афтæмæй ахæм акци фыццаг хатт сарæзтой. Хъуамæ сын æрвылазон суа. Акцийы дарддæр кæцы скъола архайдзæн, уый бæрæг нæма у. Фæлæ сæ зæрды ис фылдæр скъолатæ бабæрæг кæнын.
Ирвæзынгæнджыты Æппæтуæрæсеон студентон корпусы сæрдар Хъараты Роман: «Мах бацæттæ кодтам сæрмагонд программæтæ. Сты алы кары сывæллæттæн. Мæнмæ гæсгæ, тынг цымыдисаг уыдзысты. Бирæ ахсджиаг æмæ сæрмагонд хъуыддæгтæ дзы амынд уыдзæн. Хъуамæ сæ ахуырдзаутæ зоной. Хъыгагæн, ацы ахуыртæ скъолайы программæмæ хаст не сты. Мæнæ ахæм хуызы факультативон уроктæ уыдзысты хъæугæ æмæ пайда».
Специалисттæ сæ зæрдæ дарынц, цас фылдæр адæм зоной фыццаг æххуыс бакæнын, уас фылдæрæн бахъуаджы сахат уыдзæн сæ бон баххуыс кæнын. Адæймагæн дохтырты размæ æххуыс бирæ хатт аирвæзын кодта сæ цард.
















