Фыццаг ирон профессионалон пианисткæ, зындгонд педагог Лолаты Заремæйы райгуырды 90 азы бон сбæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы аивæдты колледжы. Уым арæзт æрцыд æрыгон пианистты 2-æм конкурс. Концерты архайдтой 43 сабийы – республикæйы 13 музыкалон скъолайы минæвæрттæ.
Уæвгæ, Лолаты Заремæ стыр æвæрæн бахаста сывæллæтты хъомыладмæ. 40 азы фæкуста фортепианойы педагогæй Петр Чайковскийы номыл музыкалон скъолайы, стæй Дзæуджыхъæуы аивæдты колледжы. Бирæ зындгонд музыканттæ акодтой фыццаг сфæлдыстадон къахдзæвтæ Лолаты Заремæимæ. Йæ зындгонд ахуыргæнинæгтæ сты маэстро Гергиты Валерий æмæ Гергиты Ларисæ дæр.
Лолаты Заремæ сси Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг, «Адæмы хæлардзинад»-ы ордены кавалер. Йæ ном ын абон дæр хъуыды кæнынц йæ ахуырдзаутæ, стæй, музыкалон сфæлдыстадæн аргъ чи кæны, уыдон.
















