Фыццаг медицинон æххуыс бакæныныл республикæйы цæрджыты сахуыр кæндзысты бархионтæ. Æппæтуæрæсеон акци «Помоги первым!» ацæудзæн 11-æй 13-æм сентябры онг.
Бархионтæ-медиктæ ахуыр кæндзысты æвирхъау цауты рæстæг цæфтæ райсгæйæ афоныл фыццаг æххуыс бакæнын, зæрдæйы æмæ рæуджыты реанимаци скæнын. «Красный крест»-ы бархионтæ та сараздзысты дæсныйад æвдисæн ахуыртæ. Акцийы тыххæй фылдæр базонæн ис проекты сæрмагонд сайты.
















