«Грамотность для всех», зæгъгæ, акци сарæзтой Æппæтуæрæсеон адæмон фронты фæсивæд. Активисттæ Дзæуджыхъæуы цæрджыты зæрдыл æрлæууын кодтой уырыссаг æвзаджы раиртæсттæ. Куырдтой, цæмæй ныхасы хъæры нысан раст сæвæрой. Уыимæ ма сын æххæст кæнын кодтой тест.
Хæслæвæрдтæ баст уыдысты уырыссаг æвзагимæ. Акци сарæзтой Дзæуджыхъæуы базарадон-экономикон техникумы студеннтæн. Горæты уынгты æмæ æхсæнадон транспорты байуæрстой уырыссаг æвзаджы растфыссынады тыххæй зæрдылдарæн сыфтæ. Мадзал снысан кодтой ахуырдзинады бонмæ.
















