Хъусынгæнинаг, йæ фæлладуадзæн бонтæ Сау денджызы былыл арвитын кæй фæнды, уыдонæн. Куыд рабæрæг, афтæмæй адӕм сæрды уырдæм агуылф кодтой æмæ поездты бынæттæ нал уыд. Уымæ гæсгæ «Уæрæсейы æфсæнвæндæгты разамынд» уынаффæ рахаста 1-æм сентябры онг уæлæмхасæн поезд снысан кæнын. Цæудзæн Дзæуджыхъæуæй Туапсемæ.
Ирыстонæй-иу араст уыдзæн æнæкъай бонты 16 сахаты æмæ 25 минутыл. Уыдзæн дзы 1 — хæрзвадат вагон, 4 — купетимæ, 5 та — плацкартонтæ. Æфсæнвæндæгты разамынд адæмы хоны кассæтæм билеттæ `лхæнынмæ. Нырма уал поезды бынæттæ ис.
















