Дзанайты Барис бабæрæг кодта Æрæфы район. Премьер федта социалон объекттæ. Фыццаг пункт — Цыкола. Уым «Хъæутæн нырыккон фæлгонц аразыны» программæмæ гæсгæ амайынц спортивон-дзæбæхгæнæн комплекс. Йæ фæзуат — фондз мин квадратон метры.
Уыдзæн дзы футболæй хъазынæн фæз дæр. Фæсивæд дзы архайдзысты спорты аст хуызæй. Эксплуатацийы йæ хъуамæ раттой сентябры. Дзанайты Барис куыстыты фæткæй разыйæ баззад. Се ‘мгъуыд æмæ хæрзхъæддзинадмæ цæст дарын районы разамындæн бабар кодта. Дарддæр — Æхсæрысæры скъолайы рацарæзт. Ныртæккæ бæстыхайæн йæ къултæ сног кодтой, агъуыстыты сæвæрдтой ног пъолтæ æмæ хъармгæнæнтæ.
Аив кæнынц ахуырадон уагдоны æддаг бакаст, уадзынц электрон хызæгтæ. Гæнæн ис, æмæ куыстытæ æххæстгæнæг цалцæг 1-æм сентябрмæ ма фæуа. Уымӕн та, Дзанайты Барисы ныхæстæм гæсгæ, æруадзæн нæй. Премьер бабар коодта дыууæ фæлтæрæй кусын. Сæйраг нысан — скъола эксплуатацийы афойнадыл раттын. Кусæг балцы кæронбæттæны пункт — «Цыкола-Мæцутæ-Комы Арт» фæндаджы рацарæзт. Уыдзæн Гæлиатмæ бацæуæнимæ. Кусынц «Туристон инфраструктурæйы райрæзты» федералон проектмæ гæсгæ. Декабры хъуамæ фæуой.
















