preloader
сейчас в эфире
06:20
МУЗЫКА 12+
Смотрите Далее
06:50
Шаг в бесконечность 12+
ТВ ПРОГРАММА
МУЗЫКА 12+
close

Гæджиты бинонтæн хъæуы баххуыс кæнын сæ хæдзар сцалцæг кæнынæн

5.11.2025 13:21

Зынгвæдисæттæ уайтагъд æрбахæццæ сты. Фæлæ сыгъд ахуыссын кæнын æнцон нæ уыд.

Зæрдæмæдзæугæ, хæрзæфснайд къæбицы дзаумайæ ма æрмæст фæнык аззад. Иууылдæр арты амæттаг баисты. Гæджитыл ахæм бæллæх фыццаг хатт не ‘рцыд. 17 азы размæ та сæ хæдзары иннæ хай басыгъд.

Фатимæ раджы сыстад уыцы бон. Раст цыма æмбæрста — æвирхъау цау æрцæудзæн. Куыддæр йæ уатæй рахызт, афтæ бамбæрста — судзы та сæ хæдзар. Цалдæр минутмæ арт царыл апарахат, дарддæр уайтагъд æгас хæдзарыл дæр. Йæ фырты райхъал кодта. Иумæ æттæмæ ралыгъдысты. Документтæ рахастой, хъæугæ дзауматæй бирæ ницы сси аирвæзын кæнын сæ бон.

Зынгвæдисæттæ уайтагъд æрбахæццæ сты. Фæлæ сыгъд ахуыссын кæнын æнцон нæ уыд. Сыхæгты хæдзармæ дæр ма ахæццæ. Сæ амондæн, бирæ ницы бахъыгдæрдта. Ныртæккæ Гæджитæ цæрынц сæ зæронд хæдзары, раздæр чи басыгъд, уым. Цыппар адæймаджы — иу агъуысты.

Ацы зын уавæры æвæгæсæгæй нæ баззадысты. Куыд 17 азы размæ, афтæ абон дæр сыхæгтæ сæ фарсмæ æрбалæууыдысты. Зымæгмæ бирæ нал хъæуы. Бинонты рæстæгмæ бынат уазæлтты рæстæг цæрынæн нæ бæззы. Зæрдæ дарынц, сæ уавæрмæ сын Рахизфарсы районы æмæ республикæйы разамынд се ‘ргом кæй раздахдзысты æмæ сæм кæй фæкæсдзысты.

 

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
15.08.2026 I Бинонтæ.Таратæ
15.08.2026
15.08.2026 I Кувæг Ир
15.08.2026
15.08.2026 I Гвардия
15.08.2026
Аланы в Китае | Ход истории
14.08.2026
14.08.2026 | Хæдзарадон
14.08.2026
Медовый Спас! I Доброе утро, Осетия!
14.08.2026
Бизнес сфера I 13.08.2026
13.08.2026
Ирон чат. Æгайт ма! I 13.08.2026
13.08.2026
13.08.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
13.08.2026
Дело мастера I Карина Дзабиева
12.08.2026
ИИ: Технологическая сингулярность I Среда влияния
12.08.2026
Доброе утро, Осетия! I 12.08.2026
12.08.2026
11.08.2026 I Бæрнон ныхас
11.08.2026
Ася Цаликова I Профессиональный путь
11.08.2026
Театр «Шкит»-ы ӕмӕ фæлтæрджын риелтор I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
11.08.2026
Все рекомендуемое