«Гранит-ИР» йæ кондады модернизацийæн райсдзæн 50 млн сомы бæрц. Куыстуат бадзырд бафыста республикæйы промышленносты райрæзты фондимæ. Компани архайы доломит къахыныл. Бакусынц ыл арæзтадон нысæнттæн.
Цы æфстау хæс райсой, уый уыдзæн льготæты хуызы, 3% ставкæйыл 5 азмæ. Æхцайы фæрæзтæй фæнд кæнынц хъæугæ ифтонггæрзтæ самал кæнын æмæ сæ продукцийы хæзхъæддзинад фæбæрзонддæр кæнын.
















