Архонкæйы абон бындурон цалцæджы фæстæ байгом 1-æм скъола. Ныр фæлладуадзæн бонты фæстæ съоладзаутæ бакъахдзæф кодтой райдзаст бæстыхаймæ. Кадджын мадзалы архайдта ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ дæр.
Æцæг бæрæгбон куыд вæййы, афтæ Архонкæйы скъолайы уазджытыл сæмбæлдысты цæхх æмæ кæрдзынимæ. Ноггонд скъола абон цалцæжджы фæстæ байгом кодта йæ дуæрттæ. Фыццаг дзы азæлыд гимн æмæ афтæмæй ам райдыдтой ахуыртæ. 700 скъоладзауы, уыдоны ‘хcæн кадеттæ æмæ хъазахъхъаг кълæстæ дæр. Ис сын сæрмагондæй хицæн программæ. Уæлдай æргом здахынц уæлæмхасæн тематикон ахуырадмæ. Бындуронӕй цалцæггонд скъолайы цы ног уавæртæ ис ныридæгæн, уыдонæй разыйæ баззадысты ныййарджытæ дæр. Сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй ныр сæ сывæллæтты æдæрсгæйæ æрвитдзысты скъоламæ. Скъолайы цалцæггæнæн куыстытæм рагæй æнхъæлмæ кастысты. Зæгъын хъæуы уый, æмæ бæстыхайыл цæуы 120 азы. Æмæ кæд педагогтæ æмæ скъолайы иннæ кусджытæ бæстыхаймæ зылдысты, уæддæр уый фаг нæ уыд. Уал азмæ бæстыхай заууат уавæрмæ æрцыд. Комуникацитæ, къултæ, рудзгуытæ æмæ бæстыхайы сæр уыдысты кæлæддзаг уавæры. Скъолайы директор æппæт лыггæнинаг фарстатæ дæр фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæгæн.
Цалцæггæнæн куыстытæ сæххæст кодтой паддзахадон программæ «Ахуырады рæзт» -ы фæлгæты. Райдыдтой сæ майы. Баивтой бæстыхайы сæр, рудзгуытæ, пъолтæ, дуæрттæ, дондзæуæн æмæ хъармгæнæн системæйы хæтæлтæ, баивтой электрон тыхы телтæ дæр. Скодтой дзы мидæггаг куыстытæ. Скъолайы ма бантыст цалдæр уæлæмхасæн кабинеты саразын. Сног кодтой чиныгдон дæр. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ныр ам фæзынд «Точка роста» дæр. Уæвгæ, абон республикæйы цалцæджы фæстæ байгом сты 10 скъолайы. Ацы аз республикæйы 44 скъолайы райдыдтой бындурон цалцæггæнæн куыстытæ. Декабры кæрон ма байгом кæныдзсты ноджы 5 ахуыргæнæн бæстыхайы. Æдæппæтæй дыууæ азмæ фæнд кæнынц 66 уагдоны сног кæнын.
















