Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй уыд хъæбæр коммуналон хауæццæгтыл бакусыны системæйы райрæзты фарстаты фæдыл æмбырд. Боны фæткы ахсджиаг фарстатæй иу у муниципалитеттимæ куыст — контейнерты бынæттæ снысан кæныны æмæ техникæйæ ифтонгады фарстатæ. Ныртæккæ сарæзтой 3 мин сæрмагонд фæзуаты, цух ма сæ ‘ййафынц 469 территорийы. Бырон æмбырдгæнæн фæзтæн сæ 60% сты Дзæуджыхъæуы. Уый хыгъд, дзуапдæттæг министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ног контейнертæ ноджыдæр хъæуы. Сергей Меняйло бахæс кодта, цæмæй бырон афойнадыл ласт цæуа, контейнерты фæзты уавæрæй та хъуамæ цæрджытæ хъаст ма кæной.