Хæдтулгæты бæрц Цæгат Ирыстоны азæй-азмæ зынгæ фæфылдæр. Дзæуджыхъæуы уынгты ацæуæн нал ис. Æрмæст ацы аз фæндæгтыл æдасдзинады паддзахадон инспекци хыгъды сæвæрдтой цыппор минæй фылдæр машинæйы. Сæ иумæйаг бæрц нæ республикæйы хæццæ кæны æртæсæдæ минмæ. Фæндаггон инспектортæ куыд зæгъынц, афтæмæй арæхдæр фæндæгтыл тыгуыртæ фæзынынц административон бæстыхæйттæ æмæ базарадон центртæм хæстæг. Адæм сæ хæдтулгæтæ, кæм не `мбæлы, уым ныууадзынц, æмæ ма уый та уæлдай аххосаг свæййы фæндагыл цæндтæн. Æдзæсгом æмæ æвæлтæрд шофырты тыххæй иннæтæ зынвадат свæййынц. Афтæ хъуыды кæнынц паддзахадон инспектортæ. Фæлæ хæдтулгæты хицæуттæ семæ разы не сты.
Григорян Галинæ
















