Автоматикон 3д принтер цæттæ кæны цыфæнды зын хæйттæ дæр. Системæ флешкæйы кодмæ гæсгæ дзаума аразын райдайы. Фигурæ кæнынц цъæрттæм гæсгæ, алкæцы дæр 0,2 миллиметры. Пайда кæнынц PETG (петджи) æрмæгæй. Уый у пластикы иу хуыз, уадзынц дзы ботлатæ.
Иу хай, гæнæн ис, æмæ уа 20 сантиметры. Уый дæргъмæ, фæтæнмæ æмæ бæрзæндмæ гæсгæ. Ам, конструкторон бюройы, студенттæ ахуыр кæнынц алыхуызон техникæйы проекттæ цæттæ кæныныл. Æрæджы райдыдтой, фæлæ куыд фæстæдæр афтæ ног кусæнгæрзтыл базыдтой. Чысыл хуызæг куы сцæттæ вæййы, уæд æй бæстон раиртаснц, сбæрæг ын кæнынц йæ фидардзинад. Æппæт лыстæгдзинæдтæ æмæ фиппайнæгтæм æркæсгæйæ дарддæр бар раттынц æцæг машинæ саразынæн.
Зырнæйзилæн, лæгъзгæнæн, фрезерон тырхтæ. Æндадзæн гæрзтæ, згъæр тайынæн пецтæ, температурæ дзы схæццæ вæййы 1 мин 100 градусмæ, æмæ ма мигæнæнтæ. Афтæмæй фидæны дæснытæ пайда кæнынц интеллектуалон æмæ физикон фæллойæ. Æппæт архайдмæ кæсынц ахуыргæнджытæ.
10 уысыммæ згъæр стæвд вæййы, уый фæстæ тайын райдайы. Ахæм лыстæгдзинæдтæ ахуыргæнджытæ арæх фæамонынц. Фидæны студенттæ хъуамæ хибарæй кусой. Челæхсаты Алыксандр 1-æм курсы ахуыр кæны. Алкæддæр ын инженерон фæзылд цымыдисаг уыд, ацы факультет дæр уымæ гæсгæ равзæрста. Ныртæккæ фылдæр æргом здахы 3д моделированимæ. Фæлæ хуымæтæг архайд дæр нæ рох кæны.
Студенттæ парæты фæстæ арæх æрбацæуынц æмæ къласы фæархайынц. Æппынæдзух ахуыргæнджытимæ æмархайд кæнынц, сæхиуыл кусынц сæ равзæрст æууæл бæстонæй иртасынц. Бюро саразыны хъуыды раджы фæзынд,
фæлæ сын ахæм фадат нырма æрæджы фæцис. Æмæ ныр фæсивæд æхсызгонæй ног зонындзинæдтæ исынц.
Техниктæ алы ран хъæугæ сты. Фæсивæды равзæрст къабаз парахат кæны. Фидæны сæ бон уыдзæн сæ ахуырадмæ гæсгæ куыст ссарын æмæ пайдаимæ фæллой кæнын. Ахсджиаг у ныридæгæн дæр сæ дæсныйады фыццаг къахдзæфтæ кæй кæнынц, уый.
















