Хъæлæс кæныны бонты, 10-æм æмæ 11-æм сентябры, уæлдай æргом здæхт цæудзæн фыццаг хатт чи хъæлæс кæны, уыцы цæрджытæм. Цæгат Ирыстоны сæ нымæц у 6 мин æмæ 382 адæймаджы.
Се ‘ппæт дæр райсдзысты хонæджы фыстæджытæ. Уымæй уæлдай ма сын бацæттæ кæндзысты сæрмагонд мадзал: уым сын балæвар кæндзысты зæрдылдарæн лæвæрттæ. 34 адæймагыл уыцы бонты сæххæст уыдзæн æстдæсгай азтæ. Уый фæдыл республикæйы центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæйæ айсдзысты арфæйы фыстæджытæ.
















