Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады объекттæ фæззыгон-зымæгон рæстæгмæ цæттæгæнæн куыстытæ Цæгат Ирыстоны кæронмæ хæццæ кæнынц.
Специалисттæ архайынц нысангонд фæткмæ гæсгæ. Нывылгонд цæуынц хъармгæнæнтæ, стæй хъармдæттæн, донуадзæн, канализацион хæтæлты æмæ электрон тыхдæттæг хызæгтæ. Бæрæг кæнынц бирæфатерон хæдзæртты уавæр.
Ныридæгæн 195 хъармгæнæн куыстуаты уазæлттæм цæттæ сты. Цæгат Ирыстоны цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады объекттæ зымæгмæ бацæттæ кæнынæн радих кодтой 400 млн сомæй фылдæр.
















