Дзæуджыхъæуы разæнгард фæсивæды иу къорд аразы хæрзаудæн акцитæ карджын адæм æмæ бирæсывæллонджын бинонтæн. Сты авд адæймаджы. Кæмæн æххуыс кæнынц, уыдон цух æййафынц хойрагæй. Къорды уæнгтæ сын æй уарынц лæвар. Ныртæккæ уал сæ бГн æнцайын у æрмæст сæхи хъарутыл. Фæлæ фæсивæд сæ зæрдæ дарынц, фæлмæнзæрдæ адæймæгтæ ма се `хсæн кæй æрлæудзысты, ууыл. Стыр ныфсытæ бæттынц амалхъом адæмимæ дæр. Уæд сæ акци суыдзæн æрвылмæйон, æххуыс кæнын та сæ бон уыдзæн ноджы фылдæр адæмæн.
Акцийы архайæг Цопанаты Хъазыбег: «Мах нæ куыст кæнæм, хистæртæ нæ цæсты кадджын кæй сты, æрмæстдæр ууыл æнцайгæйæ. Фæндгæ та нæ кæны уый, цæмæй махмæ кæсгæйæ, иннæтæ дæр уыцы кустмæ бавналой. Бынтон сæфт кæй не стæм, уый хъуамæ алчидæр уына».
Акци саразæг Дзбойты Алан: «Стыр бузныг нæ фæнды зæгъын, йæ хорз хъуыддæгтæ бирæ кæмæн сты, фæлæ сæ хъæр дæр чи нæ кæны, уыдонæн. Телекамерæмæ сæ сисой, ууый та сæ уæвгæ дæр нæ фæнды. Бузныг хуымæтæг адæмæн дæр, йæхи уавæртæ нæ хынцгæйæ фæкæсынцух адæмыл зæрдæйæ чи ауды, уыдонæн. Стыр æххуыс нын сты. Афтæ куы ахæсса дарддæр, уæд не `ххуыс махæн дæр ахадгæдæр уыдзæн».
















