Мæскуыйаг ирæтты æхсæнады æрымысдысты нæ зындгонд æмзæххон, ахуыргонд Берозты Темырболаты ном. Ацы аз октябры мæй йыл сæххæст уыдаид 95 азы.
Академик, наукæты сгуыхт архайæг, профессор Берозты Темырболат наукæйы райрæзтмæ бахаста стыр бавæрæн. Ивгъуыд æнусы 60-æм азты Уæрæсейы адæмты хæлардзинады университеты бындур æвæрд æрцыд биохимийæйы кафедрæйæн. Абоны бон дæр уыцы кафедрæйæ рацæуынц дæсны медиктæ æмæ ахуыргондтæ. Берозты Темырболат иртæста онкологииимæ баст низтæ. Сæ ныхмæ куыд тох кæнын хъæуы уый. Æвзæрнизы ныхмæ хос агуырдта. Номарæн мадзалмæ æрбацыдысты ахуыргонды хиуæттæ æмæ æмкусджытæ.
















