preloader
сейчас в эфире
18:47
КУВÆГ ИР 12+
Смотрите Далее
19:00
ХАБÆРТТÆ 12+
19:30
ЙÆ РÆСТÆГЫЛ 12+
20:30
ИРЫСТОНЫ НОМЫЛ 12+
21:00
НОВОСТИ 12+
21:20
ПО БОЛЬШОМУ СЧЕТУ 12+
ТВ ПРОГРАММА
КУВÆГ ИР 12+
close

Хъахъхъæдуры рацарæзтой футболон фæз

27.07.2019 21:16

Раздæр уæй кæнынмæ кæй хъавыдысты, уыцы фæзуат ныр сси фæсивæдæн хиирхæфсæн бынат.

Футболон темæ дарддæр ахæццæ кæндзыстæм нæ иннæ æрмæгæй дæр. Раздæр уæй кæнынмæ кæй хъавыдысты, уыцы фæзуат ныр сси фæсивæдæн хиирхæфсæн бынат. Хъахъхъæдуры цы уæгъд тъæпæн уыдис, уымæй фæсивæд сарæзтой футболæй хъазæн ран. Ссыгъдæг æй кодтой хæмпæлгæрдæгæй. Цæмæй йæм фос ма цæуой, уый тыххæй та йын йæ алыварс аиваздзысты хыз. Ахæм лæвар хъæуы цæрджытæн сæ къухы бафтыд нæ республикæйы сæргълæууæджы фæрцы. Хъахъхъæдур сæрыстыр кæмæй у, уыцы фæз дæр та мæхæдæг федтон.


Футболæй хъазыны рæстæг адæймагмæ цавæр æнкъарæнтæ фæзыны, уый ацы фæсивæд ницæуыл баивдзысты. Æмæ уый хуымæтæджы нæу. Пурти хызы куы смидæг кæнынц, уæд ма сæхицæй амондджындæр кæм вæййы. Алкæй дæр сæ фæнды зындгонд футболист суæвын. Къæвда уа, хур кæса – Хъахъхъæдуры лæппутæ тренировкæтæм рацæуынц хъæугæроны футболон фæзмæ. Сæ иу Баситы Вадим, 11-аздзыд лæппу не `вгъау кæны нæдæр йæ хъару, нæдæр йæ рæстæг.

Футболон фæз фæсивæды кæй хъæуы, уый дызæрдыккаг нæу. Фæлæ йæ уавæр у хуыздæрхъуаг. Рæсугъд гол бакъуырын æмæ дæсны техникæ равдисынæн хъæуы æмраст æмæ аив фæз. Уыцы курдиатимæ Хъахъхъæдуры фæсивæд бахатыдысты республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславмæ хъæуы цæрджытимæ фембæлды рæстæг. Фæзмæ базилынмæ сæ фадæттæ уыйас ницы амыдтой. Ныр сæ къух фæрæвдздæр. Арæзтадон æрмæгæн республикæйы сæргълæууæг радих кодта æхцайы фæрæзтæ. Лæппутæ балхæдтой ахорæнтæ æмæ цæджындзтæ. Рæхджы та фæзы алыварс аиваздзысты хыз. Цы ма сæм баззад, уыдонæй та сæ фæнды хъæуы футболуарзджытæн бандæттæ саразын. Куыстытæ кæнынц хи хъарутæй.

Фæлладуадзæн бонты, уæлдайдæр сæрдыгон, сывæллæттæм пуртийæ хъазынæй хуыздæр ницы кæсы. Гом арвы бын спортивон фæзмæ æнхъæлмæ кæсынц бынæттон цæрджытæ дæр. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, уыдон пайда сты сывæллæтты æнæниздзинад фæхъæддыхдæр кæнынæн. Тынг сæ фæнды, цæмæй рæзгæ фæлтæр уой æнæниз æмæ спорты хуызты сæхи фæлварой. Аразынц та йæ хъæуы астæу.

Курдиатджын фæсивæды разæнгард кæнынц хистæртæ дæр. Уæвгæ хъазынмæ сывæллæттæ сæхæдæг дæр тырнынц æмæ алкæддæр цæттæ пуртийы фæдыл аразгъор-базгъор кæнын. Сæ арæхстдзинад равдисынмæ Хъахъхъæдурмæ æрбацæуынц сыхаг хъæутæй дæр. Саразынц кæрæдзийы `хсæн ерыстæ.

Спорты бæрзæндтæм тырнгæйæ, куыстытæ фæуын нысан кæнынц хæстæгдæр рæстæг. Фæзы уæлцъар та бындуронæй раивдзысты фæззæджы кæрон. Кæд къух амона, уæд дзы рухсытæ дæр сæвæрдзысты. Ног фæз æвзонг футболистты зæрдæтæ фæхайджын кодта цавæрдæр тых æмæ уæлахизтæм тырнындзинадæй. Кæд алцыдæр рауайа, уæд спортивон фæзы йе `вдæлон рæстæг иннæ аз арвитын йæ бон уыдзæн, кæй фæнда, уыдонæй алкæмæн дæр.

Брытъиаты Феликс

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Здравствуй, школа! I Доброе утро, Осетия!
4.09.2026
Беслан сейчас. 2026
3.09.2026
Беслан сейчас. 3 сентября
3.09.2026
Беслæн 22 азы фæстæ I Йæ рæстæгыл
1.09.2026
Беслан сейчас. 2026
1.09.2026
Цохъты Беллæ I Фæрдгуытæ
31.08.2026
Прозрачная платежная система, инклюзивное образование и «Движение первых» I Самое время
31.08.2026
День ветеринара и День блогера I Доброе утро, Осетия!
31.08.2026
Сихъоты Тамир ӕмӕ Хынцӕгты Маринӕ I Куыд зӕгъай, афтӕ!
30.08.2026
В итоге. 30 августа
30.08.2026
Хугаевы I Семья
30.08.2026
30.08.2026 I Вместе за безопасность
30.08.2026
Храп I Медикум
30.08.2026
Лидия Цахилова I Нараспашку
29.08.2026
29.08.2026 I Кувæг Ир
29.08.2026
Все рекомендуемое