Абон Уæрæсейы бæрæг кодтой Парашютисты бон. 26-æм иæль хуымæтæджы нæ равзæрстой. 1930-æм азы Советон Цæдисы парашютистты къорд хæдтæхджытæй фыццаг хатт æргæпп кодтой Воронежы.
Парашютисты бон сбæрæг кодтой Цæгат Ирыстоны дæр. Растдæр зæгъгæйæ та, Дзæуджыхъæуы аэроклубы. Æппæты уæндондæр æмæ ныфсджындæртæ рагæпп кодтой парашютимæ. Æдæппæтæй уыдысты 12 адæймаджы. Зæгъын хъæуы уый, æмæ парашютон спорт æгас Уæрæсейы дæр у парахат. Цæгат Ирыстоны парашютист суæвын æмæ сахуыр кæнæн ис æрмæст ДОСААФ-ы регионалон хайады.
Фыццаг хатт æй йе `ккойы чи бакæны, уыдон рагæпп кæнынц 800 метры бæрзæндæй, профессионалты та хæдтæхæг сыскъæфы километрæй уæлдæрмæ. Гæпп та фæкæнынц сæрмагонд фæзмæ. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ ДОСААФ-ы организаци кусы ныр 91 азы. Спортментæй уæлдай дзы цæттæ кæнынц фидæны æфсæддонты дæр.
















