preloader
сейчас в эфире
03:38
ТАЙНА НА КАРТЕ. КАВКАЗСКИЕ ДОЛЬМЕНЫ 12+
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДОБРОЕ УТРО, ОСЕТИЯ! 12+
06:45
МУЗЫКÆ +
04:20
НОВОСТИ (ПОВТОР) 12+
04:40
БЕЗ ТОРМОЗОВ 12+
ТВ ПРОГРАММА
ТАЙНА НА КАРТЕ. КАВКАЗСКИЕ ДОЛЬМЕНЫ 12+
close

Харбызы сезон йæ тæмæны бацыд

19.07.2024 13:45

Ныртæккæ фагæй фылдæр ис, фæлæ йæ бирæтæ æлхæнынмæ нæ тагъд кæнынц.

Сæрды уарзондæр гагадыргъ, æвæццæгæн, æмæ харбыз у. Ныртæккæ фагæй фылдæр ис, фæлæ йæ бирæтæ æлхæнынмæ нæ тагъд кæнынц. Июлы астæу фаг рæгъæд нæу, зæгъгæ. Зæхкусæг Санахъоты Таймураз æй хорз зоны харбызты астæу æппæты адджындæр куыд равзаргæ у, уый. Фыццаджыдæр æркæсын хъæуы гагадыргъы хуызмæ.

Цæгат Ирыстоны харбызты стырдæр хæдзарад ис Змейкæйы. Санахъоты Таймураз ацы гагадыргъ зайын кæны 12 азы. Бирæ хуызтæ бафæлвæрдта. Фæлæ æрлæууыд дыууæйыл: каристан æмæ топганыл. Нæ бæстыгъæд сын хорз рауад. Зæхкусæг куыд зæгъы, афтæмæй афæдзæй-афæдзмæ мыггæгтæ зындæр ссарæн вæййы. Фæлæ уæддæр æрмæст ацы хуызтæ байтауы. Хур сæ бафсады æмæ уайтагъд астыр вæййынц.

Сæрдмæ Таймураз 35 гектарæй сисы 40 тоннæйы гагадыргътæ. Фыццаг тыллæг сæмбырд кæндзæн ацы бонты. Ныртæккæ рсепубликæйы бирæ бынæтты уæй кæнынц харбызтæ. Тæрхæджытыл ссарæн ис гагадыргъы алы хуызтæ.

Харбызты хæрзхъæддзинад æппынæдзух бæрæг кæнынц Фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы специалисттæ. Уымæ гæсгæ гагдыргъæй тæрсын нæ хъæуы.

Харбыз æнæниздзинадæн пайда у. Сæрдыгон та уæлдайдæр. Æнтæф бонты, фылдæр хатт зæрдæ харбыз бацагуры. Йæ адджын мыдхæццæ донæй ком ауазал кæнынæй хуыздæр ма цы вæййы.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
08.09.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
8.09.2026
07.09.2026 I Самое время
7.09.2026
«Драйв без границ: от барабанов до Голливуда» I Доброе утро, Осетия!
7.09.2026
В итоге: 6 сентября
6.09.2026
Абетӕ. Райдайӕн
6.09.2026
Виктория Кесаева | Песни под звездами
6.09.2026
Дзгойты Аллӕ | Æнусон фарн
5.09.2026
05.09.2026 | Гвардия
5.09.2026
Алан Караев I По большому счету
4.09.2026
Ахуыр азы райдайæн æмæ тхэквондойы Бон I Йæ рæстæгыл
4.09.2026
Здравствуй, школа! I Доброе утро, Осетия!
4.09.2026
Беслан сейчас. 2026
3.09.2026
Беслан сейчас. 3 сентября
3.09.2026
Беслæн 22 азы фæстæ I Йæ рæстæгыл
1.09.2026
Беслан сейчас. 2026
1.09.2026
Все рекомендуемое