Хистæр кары минæвæрттæн бæрæгбон сарæзтой Ацæргæ адæм æмæ инвалидтӕн боныгон уæвыны центры.
Æрыгæттæ сын загътой бузныджы ныхæстæ сæ зонд, фæлмæн зæрдæтæ æмæ фæлтæрддзинад кæй не ‘вгъау кæнынц, уый тыххæй. Ам сæм æнхъæлмæ кастысты сабиты конд нывтæ. Сæ сæйраг хъайтартæ – сæ ныфс чи нæ сафы, ахæм бабатæ æмæ нанатæ. Мадзал ацыд Ацæргæ адæймаджы номыл мæйоны фæлгæты. Хистæр кары минæвæрттæн сæ бæрæгбоны фæдыл бирæ зарджытæ акодтой, акафыдысты коллективтæ. Центры кусджыты сывæллæттæ сын радзырдтой зæрдæагайгæ æмдзæвгæтæ.
Ацæргæ адæмæн сæ куырыхон зонды фæдыл бузныг загъта республикæйы фæллой æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ. Æрыгæттæм та фæсидт, цæмæй сæ нанатæ æмæ дадатимæ фылдæр рæстæг æрвитой, сæ зæрдæтæ сын се ‘нтыстытæй рухс кæной.
















