Экономикæйы рæзты фарстатыл санкциты рæстæг дзырдтой оперативон штабы æмбырды. Амыдта йæ хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Ныхас кодтой IТ-технологитæ, социалон æхууыс цæрджытæн æмæ инвестпроекттæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл.
Нымæцон райрæзты комитеты сæрдар Гахаты Даниилы ныхæстæм гæсгæ федералон æмвæзадыл æрæзт цæуынц алыхуызон мадзæлттæ. Ног технологитыл чи архайы, уыдонæн дæттынц гранттæ, æххуыс кæнынц æхцайы фæрæзтæй, уыимæ IT-специалисттæн хуыздæр кæнынц сæ цæрæн уавæртæ. Фæллойы министры хæдивæг Маматы Анджелæйы информацимæ гæсгæ, республикæйы лæвæрд цæуы 56 алыхуызон фиддоны, 23 дзы баххæст кæнынц федералон бюджетæй, 33 та регионалон къазнайæ.
Йæ хъуыдымæ гæсгæ хицауады сæйраг хæс сæ æфтиæгтæ бирæ кæмæн не сты, уыцы бинонтæм фæкæсын. Зæгъæм, Цæгат Ирыстон фыццæгтæй иу æххæст кæны, социалон контракт кæй хонынц, уый. Проекты руаджы æххуысцух бинонты материалон уавæр хъуамæ фæхуыздæр уа, уымæй уæлдай ноджы фæзыной куысты бынæттæ.
Экономикон рæзты министр Кучиты Зауыр зæрдыл æрлæууын кодта Цæгат Ирыстоны экономикæ размæ кæй ракæндзæн фондз ахсджиаг проекты. Бахардз сыл кæндзысты 64 млрды. Алкæцы дæр экономикæйы рæзтæн ног уддзæф ратдзæн.
















