Национ проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уыимæ æндæр ахсджиаг фарстатыл æрдзырдтой радон аппаратон æмбырды. Амыдта йæ республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло.
Нацпроекттæ æххæст кæнынæн, республикæйæн цы 11 млрд сомы рахай кодтой, уыдонæн сæ фылдæр бантыст схардз кæнын, проекттæ æххæст кæнгæйæ. 3 млрд дзы хардзгонд не ‘рцыдысты. Аппаратон æмбырды регионы разамонæг фæнысан кодта, ахæм бæрæггæнæн æнтыстджын кæй у. Уый, афæдзы кæронмæ æхцайы фæрæзтæ ацы нысæнттæн дарддæр æрвыст кæй æрцæудзысты, уый хынцгæйæ.
Æрныхас ма кодтой «Музеи Детям» ног программæйыл. Йæ фæлгæты, 14 азы онг кæуыл цæуы, ахæм скъоладзаутæн сæ бон уыдзæн республикæйы музейтæ æмæ театрæм лæвар цæуын. Сергей Меняйло сразы ис, методикон куыст чи кæны, уыцы ахуыргæнджытæн, уыимæ рæвдауæндæтты æмæ уæлæмхасæн ахуырады педагогтæн фиддонты системæ снысан кæныны хъуыдыимæ. Хъуыддагыл бæстонæй бакусдзысты ахуырад æмæ наукæйы министрады.
Республикæйы разамонæг хицауады уæнгтимæ уæлдай æргом аздæхтой «æрыгон бинонты» программæмæ. Йæ фæлгæты, 2005-æм азы цæрæнбынæттæ цы цæрджытæн нæ рахай кодтой, уыдон паддзахадæй райсдзысты компенсаци. Æдæппæтæй сæ бафидынæн проектмæ гæсгæ цы æхцайы фæрæзтæ рахай кодтой, уыдоны бæрц у 200 млн сомы.
Фиппаинæгтæ рабæрæг кодтой районты цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады къабазы. Дигора æмæ Беслæны, нæ кусынц хъармгæнæнтæ, кæд æмæ республикæйы хъармгæнæн сезон ис йæ тæмæны, уæд. Дигорайы сæргълæууæг ныфс бавæрдта, къуырийы кæронмæ фарста лыггонд кæй æрцæудзæн. Уыимæ, хъуыддаг афтæ цæмæ рауад, уый нæ бамбарын кодта. Регионы разамонæг разыйæ нæ баззад объекты бындурон цалцæджы модернизацийæ дæр. Фыццаджыдæр, уый хауы районты разамонджытæм. Йæ ныхæстæм гæсгæ, алкæмæн сæ йæ бон нæу сæйрагдæр нысæнттæ сывæрын. Уый тыххæй Сергей Меняйло бабар кодта сæрмагонд къорд бацæттæ кæнын.
Аппаратон æмбырды ныхас цыд цæрджыты кæлæддзаг хæдзæрттæй раивыныл дæр. Уымæй уæлдай, Ирон театры модернизаци æмæ тагъд рæстæджы цы дыууæ рæвдауæндон байгом кæндзысты, уыдоныл. Фæнысан ма кодтой, ацы къуырийы кæрон Мæскуыйы æмæ Уæрæсейы Патриарх Кирилл фæнд кæны Дзæуджыхъæумæ ссæуын сыгъдæг Георгийы аргъуаны сæрмагонд аргъуыды бацархайынмæ.
















