Октябрьскæйы хъæуы фæзындзæн аргъуан. Уый тыххæй абон дзырдтой хъæуы цæрджытæ Горæтгæрон районы администрацийы сæргълæууæгимæ фембæлды. Уымæй уæлдай ма дзы архайдта Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр Леонид дæр.
Аргъуаны арæзтадыл ныхас цыд фæстаг 20 азы. Йæ бæстыхайы бынат ныр фæбæлвырд. Самайдзысты йæ Доны станцæйы фарсмæ. Йæ эскиз дæр цæттæ у. Епархийы минæвæртты ныхæстæм гæсгæ, ма сæм æнхъæлмæ кæсы æппæты зындæр хæс — арæзтадæн райдайынæн æхца æрæмбырд кæнын. Цæйбæрц ын бахъæудзæн, уый нырма бæрæг нæу. Ныридæгæн ууыл кусынц, цæмæй йын йæ хæрдзтæ банымайой. Йæ бон кæмæн у, æмæ аргъуан амайыны хъуыддагмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыдонмæ дæр сидынц. Кæд сæ бон у æхцайы фæрæзтæй баххуыс кæнын, уæд дзы сæхи никæуыл атигъ кæндзысты.
















