preloader
сейчас в эфире
12:17
ТАНЦЫ НА ВЫСОТЕ 12+
Смотрите Далее
13:00
"АМОНДДЖЫН ХÆДЗАР" АВТОРСКИЙ КОНЦЕРТ АЛЬБИНЫ СЕКИНАЕВОЙ 12+
15:25
В СВОЕМ КРУГУ 12+
16:50
ХОЧУ В АЛАНИЮ 12+
17:45
ХЪУСЫНГӔНИНÆГТӔ 12+
17:50
ВОЛШЕБНАЯ СВИРЕЛЬ 12+
ТВ ПРОГРАММА
ТАНЦЫ НА ВЫСОТЕ 12+
close

Хуссар Ирыстоны æвирхъау цаутæ мысгæйæ

7.08.2019 21:20

Баст сты 11 азы размæ, 8-æм августы цы тугкалæн цаутæ æрцыдысты, уыдонимæ.

Хуссар Ирыстоны ацы бонты цæудзысты номарæн мадзæлттæ. Баст сты 11 азы размæ, 8-æм августы цы тугкалæн цаутæ æрцыдысты, уыдонимæ. Цæмæй сæ ныр геноцидыл банымайой, уый тыххæй Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолий раргом кодта йæ хъуыдытæ фæсарæйнаг журналисттæн. Иумæ дзырдтой хæстæгдæр рæстæг цы мысæн мадзæлттæ ацæудзысты республикæйы, уый тыххæй дæр. Æвирхъау цауты æмæттæгты нæмтæ æрымысдзысты Цæгат Ирыстоны дæр. Райсомæй- изæрмæ Дзæуыджыхъæуы цæудзысты сæрмагонд мадзæлттæ. Райдайдзысты Нымысы Аллеяйы. Сыгъдæг Георгийы номыл аргъауаны кæрты та сараздзысты акци «Свеча памяти», зæгъгæ. Йæ амидингæнджытæ сты нæ республикæйы фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитет. Уыцы тугкалæн цауты чи бацарæфтыд, уыдоны нæмттæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæ мысынц аизæр. Уæвгæ, рох сæ æппындæр нæ кæнынц. Сæ цæстытыл, нырма дæр уайынц. Нæ дарддæры æрмæг уымæн æвдисæн. Бакæсут ма йæм.


2008 -æм азы уæззау цаутæ Колыты Азæйы цæстытыл арæх ауайынц. Æнæ цæстысыгæй сæ йæ бон дзурын дæр нæ вæййы. Сылгоймаг йæ дыууæ хъæбулы хъæбул æмæ йæ сыхæгтимæ ныккæнды æмбæхстысты. Нæмгуыты æхссит æмæ срæмыгътыты хъæрæн кæрон дæр нæ уыд. Сабиты Гуырдзиаг тугдзыхтæй бахъахъхъæныны тыххæй Колыты Азæйы бинонтæ сфæнд кодтой алидзын. Азæйы чындз Хъотайты Маринæ республикон рынчындоны реанимацион хайады медицинон хо йæ куыста. Уый не сразы бинонтимæ цæуын. Хæсты чи фæцæф уыдонæн медицинон æххуыс бакæнын хъæуы, зæгъгæ. Гуырдзиагтæ фæндагыл комкоммæ æхстой алы хæдтулгæтæ дæр. Ног хъæуы цæрджытæ цы автобусы цыдысты ууыл дæр нæ бацауæрзтой.

Хъæуы цæрджытæн сæ къухы бафтыд сæйраг фæндагæй фæзилын. Уым фæсфæд ран бамбæхсгæйæ æнхъæлмæ кастытсты æххуысмæ. Фæстæдæр сæ ссардтой Бархионатæ. Уыдон сæ фæхæццæ кодтой Дзауы хъæумæ.

Колыты Азæйæн фæстæдæр йæ къухы бафтыд Дзæуджыхъæумæ ралидзын. Фæлæ сылгоймаг фæстæмæ фæкæс фæкæс гæнгæ цыд. Йæ зæрдæ æхсайдта Хуссар Ирыстоны ма йæ бинонтæй кæй ныууагъта, уыдонмæ. Кæд Колыты Азæ йæ райгуырæн бæстæйæ ралыгъд, уæд Битарты Зоя та йæ цæрæнбынат нæ ныууагъта. Хæсты рæстæг бамбæхст ныккæнды.

Августы мысæн бонты рæстæг Хуссар Ирыстоны зæрдæты хъæдгæмттæ уæлдай тынгдæр фæриссынц. Республикæйы сæдæгай цæрджытæ фесæфтой сæ бинойнæгты. Ацы бонты сын æрхъуыды кæнынц сæ рухс нæмттæ.

Уазиты Зæлинæ 

ДЕЛАЕМ ГОРОД КОМФОРТНЕЕ
Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Автоматизация I Бизнес сфера
11.06.2026
Купальный сезон в республике, сотрудничество между Тугановским и Всероссийским музеем декоративно-прикладного искусства, актуальные новости прошедшей недели | Самое время
11.06.2026
Подробнее I 11.06.2026
11.06.2026
Дæ райсом хорз, Ирыстон! I 11.06.2026
11.06.2026
Экватор ЕГЭ-2026 — курс на вуз: от экзамена до зачисления I Национальные интересы
10.06.2026
10.06.2026 I Доброе утро, Осетия!
10.06.2026
Туризм | Разбор полётов
9.06.2026
Экономикон форумы хъомыс, картофы ног мыггæгтæ æмæ Рекомы бæрæгбон | Йæ рæстæгыл
9.06.2026
Æппæтадæмон хæлардзинады бон | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
9.06.2026
Ставд-Дуртæ. Уарзиаты Зарæ I Фæрдгуытæ
8.06.2026
Самое время I 08.06.2026
8.06.2026
08.06.2026 I Доброе утро, Осетия!
8.06.2026
В итоге: 07.06.2026
7.06.2026
Куыд зæгъай, афтæ! I 07.06.2026
7.06.2026
06.06.2026 | Саутæ, буртæ, мыдхуызтæ
6.06.2026
Все рекомендуемое