Хуссар Ирыстоны цæрджыты 1920-æм азы геноциды тыххæй Гуырдзыстон хъуамæ дзуапп радта. Ахæм курдиат дунейы паддзахадты парламентаритæм æмæ хицауадтæм, уыимæ Иугонд Нациты Организаци, Европæйы Цæдис æмæ Европæйы Советы æдасдзинады организацийы минæвæрттæм арвыста Хуссар Ирыстоны республикæ. Саразын хъæуы æппæт мадзæлттæ, цæмæй дунеон æхсæнад фылдæр зона, 1989-æй 2008-æм азты ирæттæ цы цъысымы бахаудысты, уый. Ирон адæмы ныхмæ 100 азы геноцидыл Хуссар Ирыстоны арæзт цæудзысты мысæн мадзæлттæ. 20-æм июнь та снысан кодтой Хуссар Иры геноциды амæттæгты мысæн бон. Бæрæг æй кæндзысты æрвылаз.
1920 азы 20 июны гуырдзиаг меньшевиктæ фехстой Хуссар Иыстоны сабырдзинадыл архайæг 13 коммунары. Æдæппæтæй уыцы аз гуырдзиаг меньшевиктæ амардтой 5 мин адæймагæй фылдæр, 15 мин фæмард æфцæджы сæрты Цæгат Ирыстонмæ куы цыдысты, уæд. 40 мин цæрæджы æнæбары сæ хæдзæрттæ ныууагътой.
















