Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæууæг Икъаты Русланбег фембæлд горæты цæрджытимæ. Адæммæ разынд алыхуызон фарстатæ. Иутæ тыхсынц кæлæддзаг хæдзæрттæй сæ ногтæм раивыны тыххæй. Иннæтæ цы бирæуæладзыгон хæдзæртты цæрынц, уыдоны кæртытæ базилинаг кæй сты, уымæй. Кæмдæр уыцы бынæтты фæзынд æнæзакъон арæзтадтæ, хъуддагмæ æркæсыны тыххæй, бахъаст кодтой хицауадмæ. Йе*нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, ахæм адæймæгтæ та бахатыдысты сæрмагонд фиддонтæ расыны тыххæй. Цæрджытимæ фембæлд Икъаты Русланбег аразы æппынæдзух. Афтæ вæййы æмæ æрмæстдæр ахæм фембæлд фадат ратты адæмы риссагдæр фарстатæ аиуварс кæнын. Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды разамонæг æппæт курдиæттæм дæр байхъуыста æмæ ныфс бавæрдта алкæмæндæр кæй баххуыс кæндзæн, уымæй.
Икъаты Русланбег, Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæууæг: «Абон сарæзтам Дзæуджыхъæуы цæрджытимæ радон фембæлд. Уынут æй уæхæдæг дæр, адæм бирæ кæй сты, уый. Алкæмæ дæр ис йæхи райхалинаг фарста. Ис хъуыддæгтæ, нæ бон ныртæккæ аиуварс кæнæн кæй у, ахæмтæ. Кæцыдæртæм та хъæуы нырма лæмыбнæг æркæсын. Сæ фылдæр баст сты ног цæрæн бынæттимæ, зæххы хай райсыны хъуыддæгтимæ. Баххуыс кæнæн ис сæрмагонд программæты руаджы дæр. Муниципалон сконды разамындимæ иумæ æппæт фарстатыл дæр бакусдзыстæм».
















