preloader
сейчас в эфире
05:55
НАРТЫ КАДДЖЫТÆ +
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДОБРОЕ УТРО, ОСЕТИЯ! 12+
06:45
МУЗЫКÆ +
ТВ ПРОГРАММА
НАРТЫ КАДДЖЫТÆ +
close

Илаты Руслан æнтысджынæй кусы æвзæр чи хъусы æмæ уыны, ахæм сывæллæтты реабилитацион-ахуырадон центры

17.12.2024 13:28

Русланæн æгас Уæрæсейы дæр бирæ хæлæрттæ ис. Туристтæ йæм рагацау æрбадзурынц, цæмæй сæ йæхæдæг акæна экскурсийы. Ныр йæ зонындзинæдтæ уары сабитæн. Æххуыс сын кæны æхсæнадмæ уæндонæй цæуын, гæнæнтæ базонын æмæ рæзын.

Царды уавæрты раст сарæхсын æмæ къуылымпыдзинæдты сæрты хизын. Ацы хъуыддæгтыл æвзæр чи хъусы æмæ уыны, уыцы сывæллæтты ахуыр кæнынц комплексон реабилитацион-ахуырадон центры. Специалисттæ алкæмæндæр æххуыс кæнынц зæрдæмæдзæугæ архайд ссарынæн. Кусæндоны ис цалдæр здæхты: аивадон-эстетикон, физкультурон-спортивон хæрзæрæджы та ма дзы фæзынд туристон-бæстæзонадон. Амоны йæ центры рауагъдон Илаты Руслан.


Сæ хъуыдытæ æргом кæнын райдыдтой æнæ артикуляцийæ. Кæд ацы æнтыстдзинадмæ фæндаг, зындзинæдты сæрты хизгæйæ уыд, уæддæр. Ам архайынц, цæмæй аккаг уавæртæ уа сывæллæттæн. Семæ Илаты Руслан хорз фидауы. Йæхæдæг дæр ардæм цыд, хъусæй æмæ цæстæй рæвдз чи нæу, ахæм сывæллæтты реабилитацион-ахуырадон центрмæ.

Ахуыргæнинаг ма куы уыд, уæд дæр йæ бæрæггæнæнтæ хорз уыдысты: бæрнон, зонындзинæдтæм тырнаг, куыстуарзон. Бæстæзонæн урокты педагог куы бахъуыд центры, уæд Русланæй раздæр никæуыл ахъуыды кодта директор Бабиты Лейлæ.

Сфæлдыстады лыстæгдзинæдтæ та Руслан тынг хорз зоны. Кусы ма гидæй дæр, сывæллæтты æмæ фæсивæды туризм æмæ экскурситы республикон центры. Йæ директор Мæхæмæтты Пётр куыд зæгъы, афтæмæй Русланы программæтæ туристты зæрдæмæ уæлдай тынг цæуынц. Регионы ахæм специалисттæ гыццыл ис, хъæугæ та кæнынц.

Русланæн æгас Уæрæсейы дæр бирæ хæлæрттæ ис. Туристтæ йæм рагацау æрбадзурынц, цæмæй сæ йæхæдæг акæна экскурсийы. Ныр йæ зонындзинæдтæ уары сабитæн. Æххуыс сын кæны æхсæнадмæ уæндонæй цæуын, гæнæнтæ базонын æмæ рæзын.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
08.09.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
8.09.2026
07.09.2026 I Самое время
7.09.2026
«Драйв без границ: от барабанов до Голливуда» I Доброе утро, Осетия!
7.09.2026
В итоге: 6 сентября
6.09.2026
Абетӕ. Райдайӕн
6.09.2026
Виктория Кесаева | Песни под звездами
6.09.2026
Дзгойты Аллӕ | Æнусон фарн
5.09.2026
05.09.2026 | Гвардия
5.09.2026
Алан Караев I По большому счету
4.09.2026
Ахуыр азы райдайæн æмæ тхэквондойы Бон I Йæ рæстæгыл
4.09.2026
Здравствуй, школа! I Доброе утро, Осетия!
4.09.2026
Беслан сейчас. 2026
3.09.2026
Беслан сейчас. 3 сентября
3.09.2026
Беслæн 22 азы фæстæ I Йæ рæстæгыл
1.09.2026
Беслан сейчас. 2026
1.09.2026
Все рекомендуемое