Инфраструктурон бюджетон кредитты механизмы руаджы республикæйы проектты райрæзтыл ныхас цыд сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ хицауады сæрдар Дзанайты Барис.
Æмбырды архайдтой дзуапдæттæг министртæ, подрядон организациты минæвæрттæ. 2022-æм 2023-æм азы Цæгат Ирыстоны Инфраструктурон бюджетон кредитты фæрцы, куыд паддзахадон æххуыс афтæ, æххæст кæнынц цыппар инвестицион проектмæ гæсгæ инфраструктурæйы объекттæ. Уый цæрæуатон-коммуналон хæдзарады арæзтад, туризм æмæ рекреаци. Се ‘хсæн инженерон-коммуналон инфраструктурæ, Дзæуджыхъæуы фæндæгтæ, Терчы былгæрæтты аивгæнæн куыстытæ æмæ æндæртæ. Рацарæзт цæуы Дзæуджыхъæуы фистæгцæуджыты хидыл дæр. Подрядон организациты минæвæрттæ æмæ инвестортæ радзырдтой проектты райрæзты тыххæй. Дзанайты Барис куыд фæнысан кодта, афтæмæй æппæт сæвзæргæ фарстатæ дæр хъæуы æвæстиатæй иуварс кæнын. Куыстытæ та хъуамæ цæуой фæткмæ гæсгæ.
















