Сылгоймæгты æмæ нæлгоймæгты æдас куыстæн æппæт хъæугæ уæлæдарæс. Æрæфы районы хуыйæн фабрикæйы афæдзмæ цæттæ кæнынц 50 мин сæрмагонд костюмы. Хомаг исынц æрмæст нæхи — уæрæсейаг. Уæдæ цæттæ продукци чи æлхæны, уыдонимæ дæр æнтыстджынæй æмгуыст кæнынц. Куыстуат бабæрæг кодта не сфæлдыстадон къорд.
Ацы хомагæй бахуыйдзысты сæрмагонд уæлæдарæс. Ацы тыхтоны ис хъуымацы 80 кæрдæйнаджы. Сæрмагонд кардæй лыггонд æрцæудзысты хæйттыл. Иууылдæр милиметры онг сты барст.
Хуыйæн машинæты уынæр ам иу минутдæр не ‘рлæууы. Уадзынц куыд нæлгоймæгты, афтæ сылгоймæгты уæлæдарæс. Сæрдыгон, зымæгон костюмтæ. Æмткæй райсгæйæ æдас куыстæн цы дзаумæттæ хъæуы, ахæмтæ. Фылдæр сæ цæттæ кæнынц Газпромы кусджытæн. Æппæт хомаг дæр у уæрæсейаг æмæ æлхæд æрцæуы рагацау.
Тауаситы Альбинæ сæрмагонд бригады хыгъды ис фаронæй нырмæ. Куыд нын радзырдта, афтæмæй куыст цæуы æмбæлгæ фæткмæ гæсгæ, æнæ къуылымпыдзинæдтæй. Кондады бæрц нæ фæкъаддæр. Йæ æмвæзад нæ фæцудыдта.
Ацы къоппыты та цæттæ йæ ис хъахъхъæнæн сæрмагонд уæлæдарæс. Ацы бонты сæ арвитдзысты Йошкар-Ола, Тулæ, Петербург æмæ Уæрæсейы æндæр горæттæм.
















