«Алыксандр Вольфы æндæрг», «Денджызы сау хъазтæ» æмæ «Изæры æмбæлццон». Ирон æвзагыл сдзырдтой фыссæг æмæ литературæ иртасæг Гæздæнты Гайтойы зындгонд радзырдтæ. Уацмыстæ уырыссаг æвзагæй ратæлмац кодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ирон филологийы кафедрæйы доцент Безаты Фаризæ.
Куыд зæгъы, афтæмæй чиныгыл куыста удуæлдайæ. Не ‘вгъау кодта йæ зонындзинæдтæ æмæ йæ литературон курдиат. Чиныджы презентаци ацыд Гæздæнты Гайтойы номыл фæсивæдон чиныгдоны. Фысджыты цæдисы уæнгтæ æмæ æхсæнадон архайджытæ стыр аргъ скодтой чинæгæн. Æрымысыдысты Гайтойы цардвæндаг дæр.
















