Национ хъæзтытæ, армукъатæ, зарджытæ æмæ ирон уæздан кæфтытæ. Абон Беслæны культурæйы галуаны цур фæзы стыр бæрæгбон уыд. Мадзал снысан кодтой ирон æвзаджы бонмæ. Архайдтой дзы республикæйы алы районты минæвæрттæ.
Беслæны культурон галуаны абон сарæзтой стыр Ирон Бæрæгбон. Бæгæны фыцыны æмæ дзыкка кæныны сусæгдзинæдтæ базонын, рагон ирон дзаумæттæ хи цæстæй фенын æмæ симды æркафын – æппæт цымыдисдзинæдтыл цæст нæ лæууыд.
Сахуыр кæнын дзы уыд куклатæ кæныныл, национ хъæзтыты раст фæтк æмæ архайд базонын, дзадджын уæливыхтæ кæнын æмæ ирон кæфтытæ. Чызджытæ сæхи ахуыр кожтой алдымбыдæй хуыйын, лæппутæ та хъæдæрмæгимæ кусын.
Бæрæгбон саив кодтой Рахизфарсы районы хъæуты цæрджытæ. Фарныхъæу равдыста сæ хъуыстгонд бæгæны куыд фыцынц, уый.
Уæдæ бæрæгбон æнæ ирон хъазтæй куыд фидауы? Культурæйы галуаны цур фæзыл æрсимдтой алы кары адæм. Цалынмæ фæсивæд сæхи ирхæфстой, уæдмæ хистæртæ скуывтой æмбæлæггаг æртæдзыхонæй.
Фестивалы архайдтой Рахизфарсы районы сфæлдыстададон къордтæ. Бæрæгбон сæ курдиатæй барæсугъд кодтой нæ республикæйы зындгонд артисттæ æмæ фольклорон ансамбльтæ.
















