Сабаты` хсæвæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уый Мæскуыйæ ссыд. Абон Цæгат Ирыстоны хъуысынц Гасситы Мураты номыл ныхæстæ. Йæ чысыл райгуырæн бæстæйы йыл кæддæриддæр зæрдиагæй æмбæлынц. Æмæ кæд уæлахиздзау Александр Усик ссис, уæддæр спортуарзджыты фидарæй уырны, Мураты егъаудæр æнтыстытæ – нырма разæй сты. Иры дзыллæ абон сæ уарзон спортсменимæ фембæлынмæ æрбамбырд сты Беслæны аэропорты. Семæ нæ уацхæсджытæ дæр.
Аэропортмæ хæстæг фæндагыл 2 километры бæрц лæууынц хæдтулгæтæ. Аэропортмæ та бацæуæн дæр нæй. Уый хуымæтæджы нæу. Абон Гасситы Мурат егъау ерысты фæстæ ссыд Ирыстонмæ. Ацы цины хабар æрбангом кодта сæдæгай адæмы. Абон аэропорты хъуысыд æрмæстдæр Гасситы Мураты ном. Æппæтдунеон боксерты ерысты кæронбæттæны Гасситы Мурат фæхæрд ис Александр Усикæн. Украинаг боксер Александр Усикимæ тох кодтой фыццаг уæззау уæзы чемпионы ном райсыныл æмæ боксы 4 роныл, уыимæ ма Моххамед Алийы кубок рамбулыныл. Фыццаг раундæй дæр бæрæг уыд Мураты ныхмæлæууæг тыхджын кæй у æмæ йыл фæуæлахиз кæнын æнцон кæй нæ уыдзæн, уый. Александр Усикы фæлтæрддзинад æмæ йæ техникæйæн ныхкъуырд лæвæрдта Мураты тыхджын цæф æмæ удыхъæды фидардзинад. Тохы рæстæг нокдаун, уæлдайдæр та нокаут иу раунды дæр нæ уыд. Уымæ гæсгæ кæронбæттæн хатдзæгтæ тæрхонгæнджытæ кодтой. Хъуыддаг афтæ рауайдзæн, уый æнхъæл ничи уыд. Мураты арæхстдзинæдтæн стыр аргъ чи кæны, уыдоны фидарæй уырныдта Мурат, æнæмæнг, суыдзæн уæлахиздзау. Фæлæ спортыл – спорт у. Мурат цæмæн фæхæрд, уый дæр бирæтæ бамбæрзтой æмæ йыл ничи фæзæрдæхудт. Абон алкæй дæр фæндыд сæ уарзон спортсмен æмæ чемпионæн «уæддæр дæ уарзæм» зæгъын. Спорты алцыдæр вæййы. Зæгъын ма хъæуы уый дæр æмæ ахæм егъау ерысты историйы фыццаг хатт архайдта ирон лæппу. Æрмæст уый дæр у стыр æнтыстдзинад. Иннæтæн та сæрæстырдзинад.
Хæдтæхæгæй Мурат фæстаг рахызт. Адæм æй куыддæр ауыдтой, афтæ аэропорты фæзыл анæрыд «Мурат – чемпион», зæгъгæ. Цæгат Ирыстоны цæрджытæ æй нымайынц – национ хъæбатырыл. Кæд ивгъуыд бонтæ æнцон нæ уыдысты, уæддæр Мурат æрхæццæ ис йæ къонамæ, æмæ йын уый сæйрагдæр у. Дзæуджыхъæуы цас рæстæг фæуыдзæн, уый бæлвырд нæу. Фæнды æ бинонты æмæ хæлæртты *хсæн баулæфын, йе уæнгты ног тых бауадзын. Æмæ та уæд ногæй райдайдзæн тренировкæтæ кæнын æмæ ног уæлахизтæм тырнын. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ рæдыдтыл бакусдзæн æмæ йæ спортивон фæлтæрддзинад хуыздæр кæндзæн.
Гасситы Мурат: «Æхсызгон мын у адæм мыл афтæ кæй тыхстысты, мæ фарс кæй хæцыдысты, уый. Раст зæгъгæйæ, мæ нæ фæндыд цæмæй афтæ рауайа. Фæлæ уый спорт у. Цард ууыл нæ фæцис. Хуыцауы фæндæй, мæхиуыл кусдзынæн, цæмæй иу тохæй иннæмæ хъаруджындæр æмæ тыхджындæр кæнон».
Алы æнусы дæр æрфидар вæййы йæхи хъайтар. Абон иууылдæр бамбæрстой Гасситы Мурат кæй ссис 21 æнусы хъайтар. Бирæты цард аивта, бирæ цæуылдæрты сахуыр кодта, æрыгон фæлтæрæн у дæнцæгæн хæссинаг, æрбангом кодта мингай адæмы. Нæ республикæйы æмæ нæ бæстæйы кад бынмæ не`руагъта, уымæ гæсгæ йæ иууылдæр тынг уарзынц.
















