Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты Уæлахизы бонмæ сæрмагонд мадзæлттæй ма иу у – хъæбартырты цыртдзæвæнтæм бызилын æмæ сæ сног кæнын. Уымæ дæр уæлдай æргом здахынц. Ис ын программæ дæр. Фæлæ хуымæтæг адæм дæр ахæм бæрнон куыст кæнынмæ нæ зивæг кæнынц. Сæ хæсыл æй нымайынц. Ирыхъæуы цæрджытæ бавдæлыдысты æмæ сæхи тыхтæй райдыдтой Колыты Аксойы номыл скверы арæзтадон куыстытæ кæнын. Фæнд дзы кæнынц Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты чи фæмард, йæ цард Райгуырæн бæстæйы сæраппонд чи сæвæрдта, уыдонæн цыртдзæвæн саразын. Уыцы хъæуæй тухкалæн тохы фæмард 100 адæймагæй фылдæр. Бæлвырд дæр не сты, ацы бонмæ. Сæ бинонтæ æмæ сæ хиуæттæ ныр дæр ма цæрынц уым. Цæмæй сæ ном ма ферох уа, уый тыххæй ахæм хъуыдыйы фарс рахæцыдысты.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты уæлахизæн Советон Цæдисы цæрджытæ зынаргъ аргъ бафыстой, уый дызæрдыккаг нæу. Хæсты быдырмæ Цæгат Ирыстонæй бирæ æвзонг кæстæртæ ацыд. Се `сгуыхтдзинæдтæ абон дæр рох не `сты. Иры хъæуы цæрджытæ сæхи тыхтæй сфæнд кодтой сæ хъæуæй нæ фыдæбæстæйы сæраппонд йæ цард чи ратта уыцы хъайтартæн цыртдзæвæн сæвæрын.
Ныртæккæ цыртдзæвæнæн йæ бындур аразынц. Ацы хъуыддагæн æхцайы фæрæзтæ бахъуыд 100 мин сомæй фылдæр. Проекты кой куы айхъуыст, уæд фæзындысты фæкæсджытæ дæр. Бирæтæ сын бакодтой материалон æххуыс. Фæлæ хъыгагæн алы хъуыддаджы æххуысгæнджытæ куыд разыны афтæ фыдгæнджытæ дæр. Ам дæр афтæ. Цырт аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй арæх фесæфынц сæ кусæнгæрзтæ. Ралыг кæнынц электрон тыхы телтæ дæр.
Мемориал байгом кæнын фæнд кæнынц 2020 азы. Снысанæй кæндзысты Уæлахизы бонмæ. Куыст нырма бирæ ис. Мадзал аразджыты хъуыдымæ гæсгæ Ирыхъæуы цæрджытæй хæсты быдырмæ чи ацыд, уыдоны нæмттæ ныффысдзысты цыртдзæвæныл. Ныртæккæ сæ номхыгъды фæнысан кодтой 400 адæймаджы.
















