Нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав тæфæрфæс ракодта, Шереметьевойы аэропорты фыдбылызы чи бахауд, уыдоны хæстæджытæн æмæ хиуæттæн. Цæгат Ирыстоны цæрджыты номæй æмæ йæхи номæй тæфæрфæс ракодта Мурманскы облæсты губернаторæн, ахæм уаззау цау кæй æрцыд, уый фæдыл.
«Мах хъыг кæнæм смахимæ», загъта Цæгат Ирыстоны разамонæг. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Мæскуыйæ Мурманскмæ цы хæдтæхæг тахт, уым æрцыд зынгсирвæзт, æмæ дзы фæмард 41 адæймаг.
















