Цӕрӕнбонты цы фидар хъуыдыйыл хæст уыд, уый. Æргомæй ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ. Йӕ хъуыддаджы — хуыздӕртӕй иу, æмбал кӕмӕн нӕй, уыцы Дзанайты Ольгæ. Гнесинты номыл музыкалон-педагогон академийы рауагъдон, Мариинаг театры национ зарӕджы ансамблы хормейстер коллективы ракодта бӕрзонддӕр ӕмвӕзадмӕ. Фæзминаг репертуар кӕмӕн ис, уыцы артисттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц бӕстӕйы алы горӕтты. Дзанайты Ольгӕ йæхиуыл нæ ауæрдгæйæ куыста, ӕмӕ цыма фæллад нæ зыдта, афтæ зынд. Музыкӕ уарзта зӕрдӕйӕ ӕмӕ алкæддæр ахуыр кодта удӕй зарын.
Мариинаг театры къулты ма, ӕнхъӕл дӕн, æмæ хъуысы йӕ сабыр хъӕлӕс. Репетицитӕ ӕнӕ раззагдæр хормейстерӕй скæнæн нæй. Ольгæ йӕ низ ӕмбӕхста кӕронмӕ. Йӕхи ӕнкъард кӕнын никуы бауагъта, суанг йӕ фӕстаг бонты дӕр. Сценӕмӕ-иу рацыд, репетицитӕ-иу бабæрæг кодта ӕмӕ-иу концерттӕ радта. Йæ разамындӕй ацы аз коллектив цӕттӕ кодта сæ 25 азы юбилеймӕ.
Дзанайты Ольгӕ йӕхи хуыдта сценæйы инæлар. Арæхстджынæй разамынд лӕвӕрдта национ зарӕджы нæлгоймæгты хорæн. Карз ӕмӕ домаг нӕ уарзта мӕнг нотӕтӕ. Алы композици дӕр уыд æнæаипп. Артисттæй агуырдта бæрнон уæвын. Уыдон дæр ын йæ ныхасæн стыр аргъ кодтой. Фӕлӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр уынаффæтæ, хъуыдытæ æргом кодта ахуырты ӕдде. Алкæддæр-иу рӕстӕг ссардта аныхас кӕнынӕн, байхъусынӕн ӕмӕ ӕххуыс кодта раст дзуапп ссарынӕн.
Артисттӕ рӕзыдысты йӕ цӕстыты раз. Уый сын стыр аивады дунемӕ дуӕрттӕ гом кодта суанг скъолайæ. Йӕ разамындӕй архайдта аивӕдты лицейы камерон хор “Арион” дӕр. Диана Чопикашвили у йæ фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕй иу. Чызг дзуры, Дзанайты Ольгӕйы бауарзта фыццаг фембæлдæй. Ӕмӕ ахӕм ӕмвӕзады курдиатимæ, ӕвзонг вокалистты фӕндыд рæзын.
Дианӕ равзӕрста медицинӕ, фӕлӕ алкæддæр узæлгæйæ мысы сценӕйы равдыстытæ. Уӕлдайдӕр гастрольтӕ. Дзанайты Ольгӕйы разамындӕй коллектив 90-ӕм азты зын уавӕрты ӕгас Европӕйыл æрзылд. Ӕрыгон артисттӕ — иу систы стыр дунеон конкурсты уӕлахиздзаутӕ. Йӕ фарсмӕ иууылдӕр цардысты — ӕнӕмӕнг-иу диссаг куы ӕрцыд, уæд æрмæст уый ныфсӕй.
Йе сгуыхтдзинӕдтӕ ӕнцон ранымайӕн не сты. Уӕдӕ Дзанайты Ольгæйы амонын дæр нæ хъуыд, се ‘ппæтæн зонгæ æмæ уарзон. Цӕгат Ирыстоны адӕмон артисткӕ йӕ цард снывонд кодта ирон хоры аивадæн. Национ музыкæ парахат кæнын сси йæ царды сæйраг нысан, дæсгай азты йæ размæ æвæрд хæстæ æххæст кодта иттæг хорз.
29-æм майы культурæ æмæ аивады райрæзтмæ стыр æвæрæн кæй бахаста, уый тыххæй Дзанайты Ольгæ хорзæхгонд æрцыд “Ирыстоны намысы” орденæй. Адæмы зæрдæты æмæ Ирыстоны историйы йæ ном æнустæм цæрдзæн.
















