preloader
сейчас в эфире
22:22
ЧОКНУТЫЕ 12+
Смотрите Далее
00:01
ХАБÆРТТÆ (ПОВТОР) 12+
ТВ ПРОГРАММА
ЧОКНУТЫЕ 12+
close

“Ногбон” бæрæгбон сарæзта хæххон хъæуы

2.06.2026 15:15

Музыкалон батлтӕ, конкурстӕ ӕмӕ эстафетæтӕ цыдысты стыр сихормӕ. Марафон сарӕзтой змӕлд “Ногбон”-ы бархионтӕ. Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Беслӕны фӕстӕ бӕрӕгбон ӕрластой хохмæ. Уыцы хъуыды сын поселочы разамындимæ — иумæйаг.

Мызуры Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны боныл сӕмбӕлдысты хъæлдзæгæй. Хӕххон дымгӕ бӕрӕгбон бауромын хъавыд, фӕлӕ йыл сабиты мидбылхудт фæтых ис. Раст 11 сахатыл бынӕттон спортивон фӕзмӕ ӕрбацыд стыр пикап аргъӕутты хъайтартимæ.

Дарддӕр-фылдӕр. Эстафетӕ райстой стыр спорты стъалытӕ. Сывӕллӕттимæ зарядкæ скодтой Уӕрӕсейы ӕмӕ Европӕйы чемпионтӕ уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Соттиты Аслан ӕмӕ Кодзырты Сергей. Зындгонд богӕлттӕ сбӕрӕг кодтой фæсивæды тых, стæй ерыстæ скодтой ӕппӕты хуыздæр шпагатыл. Сӕйраг лӕвӕрттӕ райсын алкæй дæр фæндыд.

Музыкалон батлтӕ, конкурстӕ ӕмӕ эстафетæтӕ цыдысты стыр сихормӕ. Марафон сарӕзтой змӕлд “Ногбон”-ы бархионтӕ. Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Беслӕны фӕстӕ бӕрӕгбон ӕрластой хохмæ. Уыцы хъуыды сын поселочы разамындимæ — иумæйаг.

Сабитæ ам фесты бон-изӕрмӕ. Алкæмæ дæр сæ æрхауд адджын лæвар. Лæппутæ ма бирӕ рӕстӕг мысдзысты, сӕ уарзон хъæбысхæцджытимæ гауызыл ӕмхуызон куыд лӕууыдысты, уый.

Ууыл ӕрлӕууынмӕ мадзаларазджытæ нӕ хъавынц. Разӕй — ног балцытӕ. Зӕрдӕ ӕвӕрынц: маршруты географи ӕрмӕст рæздзæн. Сæ сӕйраг нысан у хуымӕтӕджы лӕвӕрттӕ байуарын нӕ, фӕлӕ рӕзгӕ фӕлтӕры цӕстыты цины æнкъарæнтæ ссудзын.

Сывӕллӕтты худт 1-ӕм июны зӕлыд æгас Алагиры районы. Мызурӕй цалдӕр километры дарддæр эстафетӕ аскъӕфта ноджы иу стыр фӕз.

Центр “Тӕмискъ”-ы актон зал фæсивæд бацахстой. Сӕрдыгон сменӕ байгом 27-æм майы, ныр та бӕрӕг кӕнынц Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон. Сценӕйыл — шоу “Мах — сабидуг стӕм”. Лагеры ис 8 къорды, алкӕмӕн дӕр ис йӕхи хуыз хæдæттæ. Ӕдӕппӕтӕй ам сӕ фӕллад уадзынц ӕгас республикӕйæ сӕдӕгай лӕппутæ æмæ чызджытæ.

Рӕсугъддӕр уысмтӕй иу — чызджыты фӕлмӕн кафт, залы зӕрдӕ балхӕдта. Хореографи ивта зарджытӕй — ӕмхуызонӕй зарыдысты 8 къорды дӕр. Бӕрӕгбон аивгъуыдта, фӕлӕ уый нырма райдиан у. Фæсивæдæн ма разӕй ис 2 къуырийы алыхуызон фӕлладуадзӕн, ирд ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ сӕрдыгон ӕнӕмӕт зӕрдӕйы уагæн.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Ход истории I Скифы
28.08.2026
Хӕдзарадон I Зæххыты æмæ фыййæутты кадавардзинад  
28.08.2026
Æфсæддон дохтыры Бон, Цæгæраты Максимы юбилей æмæ нæ музыканттæ Китайы I Йæ рæстæгыл
28.08.2026
Выборы-2026. Дебаты
28.08.2026
Многоликое искусство I Доброе утро, Осетия!
28.08.2026
27.08.2026 I Фæд
27.08.2026
27.08.2026 I Ирон чат
27.08.2026
27.08.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
27.08.2026
Амина Боранти I Истории из жизни
26.08.2026
Валерия Гагарцева I Дело мастера
26.08.2026
Межнациональные браки I Среда влияния
26.08.2026
День актера I Доброе утро, Осетия!
26.08.2026
Белла Бериева I Профессиональный путь
25.08.2026
Йæ рæстæгыл I 25.08.2026
25.08.2026
25.08.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
25.08.2026
Все рекомендуемое