Нæ республикæйы ирон æвзагыл дзыллон хабархæссæг фæрæзты хуыздæрты та схорзæхджын кодтой «Мæ уарзон Ирыстон», зæгъгæ, премийæ. Й`архайджыты йын равзæрстой æртæ номинацимæ гæсгæ. Интернет-фæрæзты æрмæджытæ, мыхуыры, телеуынынады æмæ радиойы æрмæджытæ. Уæлахиздзаутæ кадджын преми райстой республикæйы хицауады сæргълæууæг Тускъаты Таймуразы къухæй. Министрты къордæй сын уый арфæ ракодта. Фæбæрæг кодта, сæ куыст хъæугæ æмæ ахадгæ кæй у, уый.
Преми саразыны хъæппæрис разынд нæ республикæйы хицауад, стæй мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты комитетмæ. Арæзт æрцыд фыццаг хатт, фæлæ йæ фæнд кæнынц æрвылазон скæнын.
Кадджын хæрзиуджыты аккаг систы Интернет-портал «15-æм регионы» уацхæссæг Елхъанаты Екатеринæ, газет «Дигорæ»-йы сæйраг редактор Сакъиты Эльбрус æмæ Къадзаты Станислав -Паддзахадон телерадиокомпани «Аланийы» аивадон радиобакастыты редактор.
















