Арфæйы аккаг у уыцы ныййарæг, æмæ йæ сывæллонæн йе `взаг чи бацамоны, йæ рæсугъддзинад банкъарынæн ын фадæттæ чи ссары. Уæдæ бирæ аразгæ у хъомылгæнджытæй дæр. Саби сæ къухмæ куы бахауы, уæд ын хуъамæ мадæлон æвзагæй зонындзинæдтæ уарой ноджы рæдаудæрæй. Ахæм амонд фæцис, ирон æвзаджы бæрæгбоны абон Сабырдзинады проспекты йæ аив дзырды курдиат чи равдыста, уыцы сывæллæтты. Суанг ма сæхимæ адæмы дæр æркæсын кодтой.
Цæгат Ирыстоны ирон æвзаг æмæ литературæйы бон бæрæг кæнынц 2016 азæй нырмæ. Бæрæгбоны кадæн имадæлон æвзаджы авдæны саразынц алыхуызон мадзæлттæ. Ацы аз дæр та афтæ. Абон республикæйы адæмты хæлардзинады хæдзары хъæппæрисæй Дзæуджыхъæуы сарæзтой фæстиваль бæрæгбоны кадæн.
Фестивалы архайдтой Дзæуджыхъæу æмæ районты минæвæрттæ. Æппæты кæстæрыл цыд 5 азы. Ирон æвзагыл æмдзæвгæтæ бакастысты, нæ республикæйы цы адæмыхæттыты диаспорæтæ ис, уыдоны кæстæр фæлтæр. Сывæллæтæн балæвар кодтой Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæты чиныг.
Сывæллæтты ахæм зонындзинæдтæм æнæнхъæлæджы Сабырдзинады проспектыл тезгъогæнæг адæм æрбамбырд сты. Растæриддæр, æнæхъæн зал дзы рауад гом арвы бын. Иууылдæр цымыдисагæй кастысты сывæллæтты аивадон дæсныйæдтæм.
Мадæлон æвзаджы ад сывæллоны бонæй фæстæмæ чи банкъардта, уыдонæн цæрæнбонтæм мады ад кæндзæн. Æмæ ныййарæгыл рæстзæрдæ адæймаг куыд æнувыд вæййы, йе `взагыл дæр хъуамæ афтæ уа.
Уазиты Зæлинæ
















