Историон-архитектурон комплекс «Дæргъæвсы некрополь» нæ сæхгæндзысты. Ныхас цæуы дзæппæзтæм барбацыд бауромыныл. Уый тыххæй парламенты 32-æм æмбырды фехъусын кодта Культурон объекттæ æмæ бынтæ хъахъхъæныны комитеты сæрдар Гæлуаты Ацæмæз. Фæнд дзы кæнынц декоративон гæрæнтæ цæджындзтæ æмæ рæхыстимæ сæвæрын.
Депутаттæ дыккаг æркасты рахæцыдысты закъоны проекты фарс “2025-æм азмæ республикæйы фæллойадон базарады регионалон хицæндзинæдтæ æвдисæг коэффицент»-ы фæдыл. Дзуапдæттæг комитеты сæрдар Хæдарцаты Аслæнбег æрхаста мидхъуыддæгты министрады бæрæггæнтæ. Уыдонмæ гæсгæ ратдзысты 2100 патенты. Афтæмæй, республикæйы бюджетмæ уæлæмхасæн фæрæзтæ æрбацæудзæн 53 милуан сомæй фылдæр. Тускъаты Таймуразы ныхæстæм гæсгæ, ацы здæхты хъомысы фæдыл хъæуы анализ скæнын, цæмæй ресубликæйы уæлдæр æмæ астæуккаг ахуыргæнæндæтты цæттæ кæной хъæугæ специалистты.
















