Къуырийы дæргъы —12 сахаты тренировкæтæ. Æмæ ахӕм уаг — ныр 5 азы. Скъолайы Самирӕ зӕрдиагӕй архайдта ӕрмӕст волейболӕй. Фӕлӕ уый фӕстӕ интернеты федта боксерты фембӕлдтыты видеотӕ. Тынг æй сразæнгард кодтой. Чызг йӕхӕдӕг ссардта боксы секци ӕмӕ ӕрбацыд фыццаг тренировкӕмӕ. Абон у Европӕйы ерысты уӕлахиздзау. Фæлæ ацы ӕнтыст, гæнæн ис, æмæ къухы нæ бафтыдаид. Фыццаг йæ хъуыды бинонты зæрдæмæ нæ цыд.
Фыццаг спаррингӕй афӕдз ӕмӕ ‘рдӕджы фӕстӕ Самирӕ рамбылдта республикӕйы чемпионат. Уый фӕстӕ фӕуӕлахиз Цӕгат Кавказы федералон зылды турниры. Дарддæр — Уӕрӕсейы ӕмӕ Европӕйы ерысты сыгъзæрин майдантæ. Фӕлӕ æнтыст канд хорз уӕнгдыхӕй аразгӕ нӕу. Тактикӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтыл фæтых уæвын тынг ахсджиаг сты. Уыцы цӕттӕдзинад райдайы суанг дзаумӕттӕивæны.
Самирӕ Дунейы Кубокы фӕстӕ боксмæ æндæр цæстæй кæсын райдыдта. Уæд фӕхӕрд Турчы минæварæн, уыд йӕхицӕй егъаудӕр. Фæлæ уæддæр чызг фӕфылдӕр кодта йæ тренировкӕтæ. Европӕйы чемпионатмӕ Сербимӕ ацыд ӕрмӕст уӕлахизы тыххӕй. Афтӕмӕй рамбылдта сыгъзӕрин майдан, Уӕрӕсейы гербимӕ формӕйы архайгӕйӕ. Йӕ иннӕ нысан — Олимпаг хъӕзтытӕ. Фӕлӕ программӕйы 80 килограммӕй фылдӕр уӕзы категорийы ныртӕккӕ нӕй. Цалынмӕ уыцы фарста иуварсгонд не ‘рцыд, уӕдмӕ Самирӕ фӕнд кӕны тренерыл ахуыр кӕнын.
5 азмæ 3 хатты рамбылдта Уӕрӕсейы ерыстӕ, 3 хатты та сси Европӕйы чемпион. Цæгат Ирыстоны сылгоймӕгты иугонд командӕйы хистӕр тренер Елойты Алан бӕрӕг кӕны спортсменкӕйы стыр гæнæнтæ ӕмӕ йын йе ‘нтыстытӕ бӕтты рингыл ныфсджын тохимæ.
Хистæрты ‘хсæн Самирæйы ерыс кӕнын бахъӕудзӕн 40 азы онг кары спортсменкæтимæ. Фӕлӕ уый гом кӕны фӕндаг 2028 азы Олимпаг хъӕзтытӕм. Олимпиаг резервы республикон спортивон скъолайы директор Дзӕгъойты Игорь разы у командӕйы архайды фӕстиуджытӕй Европӕйы чемпионаты.
Ныр Самирæмæ æнхълмæ кæсы æндæр турниртæ. Сербийы чемпионаты фӕстӕ фӕллад уадзынӕн рӕстӕг нӕй. Фæндаг — спорты бæрзæндтæм.
















