preloader
сейчас в эфире
08:50
МУЗЫКÆ 12+
Смотрите Далее
09:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
09:05
БЕДНЫЕ РОДСТВЕННИКИ (10-ая СЕРИЯ) 16+
10:00
НОВОСТИ 12+
10:15
АЛАНЫ В ТАВРИКЕ 12+
11:00
ГВАРДИЯ 12+
ТВ ПРОГРАММА
МУЗЫКÆ 12+
close

Цӕгат Ирыстоны ацыдысты ног ахуыры азы фӕдыл бӕрӕгбоны линейкӕтӕ

4.09.2026 19:23

Скъоладзаутæн ахуыры азы райдианы фæдыл арфӕ ракæнынмæ æрбацыд Цӕгат Ирыстоны хицауады сӕрдар Дзанайты Барис. Премьер-министр Йӕхӕдӕг у Дзӕуджыхъӕуы 4-æм гимназы рауагъдон.

Æрӕджы дӕр ма Агатӕ йӕхи цӕттӕ кодта фыццагкъласон суӕвынмӕ, ныр та рацыд бӕрӕгбоны линейкӕмӕ ӕмӕ радта фыццаг дзӕнгӕрӕг. Разӕй — уроктӕ, ног зонындзинӕдтӕ, ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ ӕмкъласонтӕ. Чызг ацы бон бирæ рæстæг бадардзæн йæ зæрдыл, скъолайы стыр фæндаг ын райдыдта.

Бӕрӕгбоны линейкæ æрбангом кодта, абон фыццаг хатт скъолайы къӕсӕрӕй чи ӕрбахызт ӕмӕ фӕстаг ахуыры аз кӕмӕн у, уыцы рауагъдонты. Иуӕндӕсӕм къласы ахуырдзаутӕн ацы бон у сӕрмагонд. Разӕй фӕлварӕнтӕ, дӕсныйадмæ фæндаг ӕмӕ уæлдæр ахуырад. Фӕлӕ абон хъуыды кæнынц, цы фӕлварӕнтӕ сæм æнхъæлмæ кæсы, æрмæст уыдоныл нӕ, фӕлӕ ма, сæ хæлæрттимæ ӕмӕ ахуыргӕнджытимӕ скъолайы цы фæстаг мӕйтӕ арвитдзысты, уыдоныл дӕр.

Скъоладзаутæн ахуыры азы райдианы фæдыл арфӕ ракæнынмæ æрбацыд Цӕгат Ирыстоны хицауады сӕрдар Дзанайты Барис. Премьер-министр Йӕхӕдӕг у Дзӕуджыхъӕуы 4-æм гимназы рауагъдон. Скъоладзаутӕн ӕмӕ ахуыргӕнджытӕн йæ зæрдæ загъта æнтыстджын æмæ цымыдисаг аз.

Бӕрӕгбоны линейкӕмæ бирæ рæстæг бæстонæй цæттæ кодтой. Ахуыргӕнӕндоны алы аз дӕр архайынц мадзал сӕрмагонд скӕныныл: ахуырдзаутæ репетици кӕнынц номыртӕ, цӕттӕ кӕнынц ӕмдзӕвгӕтӕ, зарджытӕ ӕмӕ кӕфтытӕ.

Бӕрӕгбоны линейкӕтӕ абон ацыдысты Цӕгат Ирыстоны ӕппӕт скъолаты дӕр. 38-ӕм скъолайы партӕты уæлхъус ӕрбадтысты 130 фыццагкъласоны. Сывæллæттæн радтой лӕвӕрттӕ республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйлойы номæй. Линейкӕйы уазӕг сси сӕрмагонд æфсæддон операцийы архайӕг, Лӕгдзинады дыууӕ ордены кавалер Рубен Днепровский. Раарфӕ кодта сывӕллӕттӕн ахуыры азы райдианы фæдыл. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты фаронæй фæстæмæ здахынц ахуырадон процессмӕ. Уый ӕхсӕнад “Знание”-йы рухстауӕн акцийы ӕмӕ проект “СВОя история”-йы фӕлгӕты.

Аст мин сывӕллонӕй фылдӕр ацы аз бахызтысты Цӕгат Ирыстоны скъолаты къӕсӕрӕй. Абон сын азæлыд фыццаг дзæнгæрæг. Дарддӕр та сæм æнхъæлмæ кæсы балц зонындзинӕдты дунемӕ.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
15.10.2026 I Ирон чат. Æгайт-ма!
15.10.2026
Хетæгкаты Къостайы кадӕн I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
15.10.2026
Абдурасул Казаков I Дело мастера
14.10.2026
Профилактика терроризма среди молодёжи I Национальные интересы
14.10.2026
Пробуем неизведанное I Доброе утро, Осетия!
14.10.2026
Хетæгкаты Къостайы 167 азы, тромбозимæ тох кæныны мадзæлттæ æмæ Беслæны адæмон театр | Йæ рæстæгыл
13.10.2026
Залина Караева I Профессиональный путь
13.10.2026
Микрозаймы I Разбор полетов
13.10.2026
Психологы амынддзинæдтæ æмæ поэзийы тых I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
13.10.2026
Мамиаты-Чехойты Евгения I Фæрдгуытæ
12.10.2026
12.10.2026 I Самое время
12.10.2026
Кинезиология и гирудотерапия I Доброе утро, Осетия!
12.10.2026
Дзантиаты Светланӕ ӕмӕ Сугъаты Хъазыбег I Куыд зӕгъай, афтӕ
11.10.2026
В итоге: 11.10.2026
11.10.2026
Инсулинорезистентность I Медикум
11.10.2026
Все рекомендуемое