preloader
сейчас в эфире
16:28
ФЫДÆЛТЫ УÆЗÆГМÆ. БАЛЦ ЦЪÆЙЫ КОМЫ ХЪÆУТÆМ 12+
Смотрите Далее
16:50
ЛÆУУЫ МА МÆ ЗÆРДЫЛ 12+
17:45
ХЪУСЫНГÆНИНÆГТÆ 12+
17:50
ПРОФЕССИОНАЛЬНЫЙ ПУТЬ 12+
18:15
ФÆД 12+
18:40
ПОДРОБНЕЕ 12+
ТВ ПРОГРАММА
ФЫДÆЛТЫ УÆЗÆГМÆ. БАЛЦ ЦЪÆЙЫ КОМЫ ХЪÆУТÆМ 12+
close

“Иугонд Уæрæсе”-йы депутатты суазæг кодта 97 аздзыд Дзодзиаты Райæ

1.06.2026 19:26

Иу изӕр Райæ йе ‘ фсымӕры фенынмӕ рынчындонмӕ куы ацыд, уӕд Верӕ дӕр йемӕ араст. Уыцы рæстæг æм Юрий чысыл фалдæр æнхъæлмæ каст.

Рыст æмæ тасдзинадæй дарддæр ницы федтам. Афтæ йæ сабибонтæй фæдзуры Дзодзиаты Райæ. Фашисттæ Советон Цæдисмæ куы ‘рбабырстой уæд ыл цыдис æрмæст 10 азы. Адæм нæ фаг кодта æмæ иу сывæллæтты æрвыстой Архонкæмæ колхозы быдырты кусынмæ.

Рæстæг уæззау уыд, зæгъы Дзодзиаты Райæ. Хæринаг нæ фаг кодта, арæх æххормаг æййæфтам. Фылдæр хатт иу ссад æмæ нартхорæй цы баззад, уый бауæларт кодтой.

Германи капитуляцийы рæстæг Райæйыл 14 азы цыд. Æстдæсаздзыдæй та смой кодта Дзодзиаты Юриймæ. Скъæфгæ йæ акодта. Уыцы цау бинонтæ абон дæр хъæлдзæгæй æрæмысынц.

Иу изӕр Райæ йе ‘ фсымӕры фенынмӕ рынчындонмӕ куы ацыд, уӕд Верӕ дӕр йемӕ араст. Уыцы рæстæг æм Юрий чысыл фалдæр æнхъæлмæ каст. Чызджытæ фæстæмæ куы здахтысты, уæд Верæ Райæйы машинæмæ бакодта, цыма фæстæмæ сæхимæ здæхынæн уыд, афтæ.

Йæхæдæг дæр æй нæ зыдта, афтæмæй Юрийы хæстæджы машинæйы сбадт. Афтæ чызг бахауд Æрыдонмæ, Дзодзиаты хæдзармæ. Уым фæцардысты дыууæ мæйы, уый фæстæ рацыдысты Зджыдмæ, уым Юрий куыста шахтерæй.

Бинонтæн райгуырд лæппу Эльбрус æмæ чызджытæ Тамарæ æмæ Фатимæ. Цасдæр рæстæджы фæстæ ралыгъдысты Мызурмæ. Шахтæты уыд хус къахт. Æппынæдзух рыг æмæ уæззау куыстæй Юриймæ фæзынд рæуджыты низ, силикозыл стыхджын. 28 аздзыдæй Райæ баззад иунæгæй æртæ сывæллонимæ.

Абон Райæмæ уазæгуаты æрбацыдысты “Иугонд Уæрæсе”-йы минæвæрттæ. Æрбахастой йын лæвæрттæ, иумæ фынгыл абадтысты. Хистæр фæлтæрыл узæлын у партийы сæйраг здæхтытæй иу. Депутаттæ радтой лæвæрттæ æмæ базыдтой Райæйы уæззау царды хабæрттæ. Ахæм фембæлдтытæ зæрдылдарингаг сты. Куыстуарзон, патриотизм æмæ уды фидардзинады тыххæй та Райæ дæнцæг сси йæ фæзминаг кæстæртæн.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
25.09.2026 I Доброе утро, Осетия!
25.09.2026
24.09.2026 I Тактика
24.09.2026
Женское предпринимательство I Бизнес сфера
24.09.2026
24.09.2026 I Подробнее
24.09.2026
24.09.2026 | Фæд
24.09.2026
24.09.2026 I Ирон чат. Æгайт-ма!
24.09.2026
Дунеон Болливуды бон ӕмӕ зӕрдӕрард психолог | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
24.09.2026
Марат Тускаев | Истории из жизни
23.09.2026
Иосиф Тиникашвили | Дело мастера
23.09.2026
Безопасность без компромиссов | Среда влияния
23.09.2026
Доброе утро, Осетия! I 23.09.2026
23.09.2026
Ныхас — адæмы хъæлæс | Бæрнон ныхас
22.09.2026
Ирон æвзагыл фыст ауындзгæ хъусынгæнинæгтæ, Ардасенты Хадзбатры номарæн изæр æмæ артаджы уавæры тыххæй | Йæ рæстæгыл
22.09.2026
Алайнаг гимназы ахуыргæнджытæ | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
22.09.2026
Отопительный сезон, кадетские классы, представители федерации планерного спорта России I Самое время
21.09.2026
Все рекомендуемое