preloader
сейчас в эфире
17:24
ЛÆУУЫ МА МÆ ЗÆРДЫЛ 12+
Смотрите Далее
17:45
ХЪУСЫНГÆНИНÆГТÆ 12+
17:50
ПРОФЕССИОНАЛЬНЫЙ ПУТЬ 12+
18:15
ФÆД 12+
18:40
ПОДРОБНЕЕ 12+
19:00
ХАБÆРТТÆ 12+
ТВ ПРОГРАММА
ЛÆУУЫ МА МÆ ЗÆРДЫЛ 12+
close

Цæгат Ирыстоны сбæрæг кодтой сывæллæтты хъахъхъæныны æппæтадæмон бон

1.06.2026 19:29

Бирæ сывæллæттæн скодтой адджын лæвæрттæ. Мадзалы кæронбæттæн — бæрæгбоны хъазт, арвмæ суагътой шартæ. Сæйраг парчы бæрæгбон ахæсдзæн изæрмæ.

Хъæлдзæг конкурстæ æмæ хъæзтытæ. Сæйраг парчы бирæ адæм сæмбырд — хи ирхæфсын æмæ бæрæгбон хъæлдзæгæй арвитынмæ. Андрей Юдин æрбацыд йæ кæстæр Адамимæ. Тематикон фæзтæй разыйæ баззадысты.

Ирд æмæ хъæлдзæг æнкъарæнтæ. Ацы бон у дзылæтты иугæнæг. Адæм цин кæнынц, кæрæдзийæн арфæйы ныхæстæ лæвар кæнынц. Сæйрагдæр — сабиты æнæниздзинад. Парчы апарахат цалдæр фæзы. Зæгъæм, мæнæ ацы бынаты сывæллæттæ сæхи фæлварынц нывкæнынады. Иутæ ныв кæнынц, иннæтæ ахорынц. Камилла Геладзе йæ хо æмæ ныййарджытимæ æрбацыд. Чызг ахуыр кæны аивадты скъолайы æмæ уарзы портреттæ фыссын.

Æвзонг Джиоты Илонæйы та цымыдис кæнынц шахмæттæ. Чызгыл æрмæст 10 азы цæуы, уыдонæй 5 азы архайы интеллектуалон спорты.

Шахмæттæй турнир премьер Дзанайты Барисы амынддзинадмæ гæсгæ сарæзта Уæрæсейы историон-æфсæддон æхсæнады регионалон хайад. Сывæллæттæн бацæттæ кодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Фæзтыл алчи ссардта зæрдæмæдзæугæ архайд – робототехникæ, аивад, нывкæнынад æмæ ерыстæ. Сывæллæтты хъахъхъæныны бон бахъуыды кæндзæн чысыл Кульчиты Вовæ дæр.

180-æм сывæллæтты рæвдауæндоны та бæрæгбон хъæлдзæгæй æрвитын сси традици. Сабитæ куыд æмбæлы афтæ бацæттæ кодтой сæхи. Сæ дарæс ирд. Вероникæйæн къаба бахуыдта йæ мад. Æхсæв æгъуыссæг рауад, фæлæ йæ архайды хатдзæг уый аргъ уыд. Ахæм хъуыды йæм æнæнхъæлæджы равзæрд. Базары уæвгæйæ йæ цæст æрхæцыд алыхуызон ирд хъуымæцтыл. Сфæнд сæ кодта балхæнын æмæ фенын, цы дзы рауайдзæн, уый.

Дефиле æвзонг стъалытæ бирæ рæстæг хъуыды кæндзысты. Цин кæнгæйæ æмæ чысыл тыхсгæйæ рацыдысты сæ ныййарджыты размæ аив къабаты æмæ костюмты.

Тематикон фæзты та фæсивæд æмбырд кодтой роботтæ, конструктортæ. Уыимæ ма архайдтой пластилинæй дæр. Сæйрагдæр, цæмæй сабитæ ацы бон æхсызгонæй мысой, зæгъы сывæллæтты рæвдауæндоны разамонæг Кокайты Мирæ.

Бирæ сывæллæттæн скодтой адджын лæвæрттæ. Мадзалы кæронбæттæн — бæрæгбоны хъазт, арвмæ суагътой шартæ. Сæйраг парчы бæрæгбон ахæсдзæн изæрмæ.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
25.09.2026 I Доброе утро, Осетия!
25.09.2026
24.09.2026 I Тактика
24.09.2026
Женское предпринимательство I Бизнес сфера
24.09.2026
Итоги туристического летнего сезона, сборная России по вольной борьбе на сборах во Владикавказе и актуальные новости недели | Самое время
24.09.2026
24.09.2026 I Подробнее
24.09.2026
24.09.2026 | Фæд
24.09.2026
24.09.2026 I Ирон чат. Æгайт-ма!
24.09.2026
Дунеон Болливуды бон ӕмӕ зӕрдӕрард психолог | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
24.09.2026
Марат Тускаев | Истории из жизни
23.09.2026
Иосиф Тиникашвили | Дело мастера
23.09.2026
Безопасность без компромиссов | Среда влияния
23.09.2026
Доброе утро, Осетия! I 23.09.2026
23.09.2026
Ныхас — адæмы хъæлæс | Бæрнон ныхас
22.09.2026
Ирон æвзагыл фыст ауындзгæ хъусынгæнинæгтæ, Ардасенты Хадзбатры номарæн изæр æмæ артаджы уавæры тыххæй | Йæ рæстæгыл
22.09.2026
Алайнаг гимназы ахуыргæнджытæ | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
22.09.2026
Все рекомендуемое