Иумæйаг паддзахадон фæлварæн фæсарæйнаг æвзагæй æнæмæнг дæтгæ нæ уыдзæн. Ахæм уынаффæ рахаста Уæрæсейы рухстауны министрады федералон паддзахадон стандартты совет.
Афтæмæй, 2022-æм азы фæсарæйнаг æвзаджы фæлварæн æнæмæнг дæттын кæй хъæуы, уыцы хыгъдмæ нæ бахæсдзысты. Уынаффæ рахæссыны размæ, уæлдай æргом аздæхтой æхсæнады хъуыдымæ ацы фарстайы тыххæй. Уыимæ ма, экспертты бæрæггæнæнтæ хынцгæйæ.
Проекты фарс ма рахæцыд Уæрæсейы ахуырады академи æмæ регионты профилон управленитæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, скъолайы стандарттыл æнцайгæйæ, фæсарæйнаг æвзаг æнæмæнг фæлварæн хъуамæ суыдаит 2022-æм азы.
Ивгъуыд аз ацы хъуыддаджы фæдыл парти «Иугонд Уæрæсе» сарæзта дискусситæ, нæ бæстæйы 85 регионы. Ныййарджытæ, ахуыргæнджытæ, эксперттæ æрцыдысты иумæйаг хъуыдымæ ахуырады системæ ахæм къахдзæв скæнынмæ цæттæ кæй нæу, уый.
















