preloader
сейчас в эфире
06:14
НАРТЫ КАДДЖЫТÆ 12+
Смотрите Далее
06:15
НЕПОБЕДИМЫЕ +
ТВ ПРОГРАММА
НАРТЫ КАДДЖЫТÆ 12+
close

Ивгъуыд къуыри Цæгат Ирыстоны нысангонд æрцыд 96 зынгсирвæзты

19.08.2024 21:20

Сæ фылдæры аххосаг у бæрзонд температурæ. Уый тыххæй фехъусын кодтой аппаратон æмбырды. Æппæтæй егъаудæр зынгсирвæзт æрцыд Кæрдзыны. Арт хуыссын кодтой цалдæр сахаты.

Ивгъуыд къуыри Цæгат Ирыстоны нысангонд æрцыд 96 зынгсирвæзты. Сæ фылдæры аххосаг у бæрзонд температурæ.

Уый тыххæй фехъусын кодтой аппаратон æмбырды. Æппæтæй егъаудæр зынгсирвæзт æрцыд Кæрдзыны. Арт хуыссын кодтой цалдæр сахаты. Хъыгдæрд дзы ничи баййæфта. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады архайдмæ Сергей Меняйло æрхаста фаутæ. Сæргълæууæг фæнысан кодта, ахæм зынгсирвæзт цæрæн пункттæн тæссаг кæй у, уымæ гæсгæ бабар кодта оперативон штабы куыст  фæтагъддæр кæнын. Аппаратон æмбырды ма ныхас цыд Мæздæджы тыхджын дымгæимæ тæрккъæвдатæ цы зиан æрхастой, уый фæстиуджытæ иуварс кæныныл. Сергей Меняйло бадомдта куыстыты кæронмæ æнæнхъæлæджы уавæры фæтк ма сисын. Районы сæргълæууæгæн та цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министримæ иумæ цæст дарын æппæт мадзæлттæм дæр. Æмбырды ма ныхас цыд æнæзакъон бырондæттыл дæр. Ахæмтæ хъуамæ республикæйы ма уа, загъта Сергей Меняйло. Æмæ фæнысан кодта, йæхæдæг кæй бæрæг кæндзæн уавæр. Уæлдай æргом здæхт æрцыд Беслæны æвирхъау цауы 20 азы мадзæлттæм. Æппæт ведомствотæн дæр бабар кодта æдасдзинад домæнтæ сæххæст кæнын.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Цохъты Беллæ I Фæрдгуытæ
31.08.2026
День ветеринара и День блогера I Доброе утро, Осетия!
31.08.2026
Сихъоты Тамир ӕмӕ Хынцӕгты Маринӕ I Куыд зӕгъай, афтӕ!
30.08.2026
В итоге. 30 августа
30.08.2026
Хугаевы I Семья
30.08.2026
30.08.2026 I Вместе за безопасность
30.08.2026
Храп I Медикум
30.08.2026
Лидия Цахилова I Нараспашку
29.08.2026
29.08.2026 I Кувæг Ир
29.08.2026
29.08.2026 I На крючке
29.08.2026
Ход истории I Скифский мир
28.08.2026
Хӕдзарадон I Зæххыты æмæ фыййæутты кадавардзинад  
28.08.2026
Æфсæддон дохтыры Бон, Цæгæраты Максимы юбилей æмæ нæ музыканттæ Китайы I Йæ рæстæгыл
28.08.2026
Выборы-2026. Дебаты
28.08.2026
Многоликое искусство I Доброе утро, Осетия!
28.08.2026
Все рекомендуемое