Бæхтыл атезгъо кæнын æмæ, афтæмæй цины æнкъарæнтæ райсын. Йе ‘нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы сывæллæттæ бацархайдтой сæрмагонд акцийы.
15 сабийы сæ ныййарджытимæ æмæ Промышленнон районы социалон лæггæдты комплексон центры кусджытимæ уыдысты Заводы поселочы бæхты спортивон скъолайы. Йæ хъомылгæнинæгтæ сын радзырдтой сæ бæхты тыххæй, стæй сæм куыд зилынц, уый дæр. Амыдтой сын бæхыл бадыны сусæгдзинæдтæ. Уæвгæ, Промышленнон районы администрацийы кусджытæ, парти «Иугонд Уæрæсе» -йы уæнгтимæ иумæ, инвалидты æппæдадæмон боны агъоммæ архайынц, цæмæй ахæм адæм рохуаты ма уой. Сæ æрвылбоны цард сын хъæлдзæг æмæ цымыдисаг мадзæлттæй хъæздыг кæнынц.
















