preloader
сейчас в эфире
12:45
ДЫУУÆ ФЫДЫБÆСТÆЙЫ 12+
Смотрите Далее
13:00
ХАБӔРТТӔ 12+
13:15
ВОКЗАЛ ДЛЯ ДВОИХ. ВЕРХНИЙ МИЗУР 12+
13:40
НА ВСЕ ВРЕМЕНА. ЕЛКАН КУЛАЕВ 12+
14:25
СТАТУС ТРЕНЕР 12+
15:05
ВКУС ГРАНАТА (11-ая СЕРИЯ) 16+
ТВ ПРОГРАММА
ДЫУУÆ ФЫДЫБÆСТÆЙЫ 12+
close

Цæгат Ирыстоны ацыдысты Цæгат æмæ Хуссар Кавказы федералон зылдты ерыстæ мотоциклтыл дугъæй

7.11.2022 13:15

Мадзал æрбамбырд кодта 8 азæй 70 азы онг кæуыл цæуы, ахæм сортсменты.

Ныххизæнтæ, гæпкæнæнтæ æмæ алыхуызон фæзилæнтæ. Æмæ уый цавæрфæнды боныхъæды дæр. Цæгат Ирыстоны радон хатт ацыдысты мотокроссæй ерыстæ. Мадзал æрбамбырд кодта 8 азæй 70 азы онг кæуыл цæуы, ахæм сортсменты.


Æфсæн бæхтыл дугъмæ ацы спортсментæ сæхи зæрдæргъæвдæй цæттæ кодтой. Цæгат Кавказы федералон зылды гом турниры кæронбæттæны сæмбæлдысты ацы спорты дæснытæ. Ам ис куыд фæрлтæрдджын, афтæ æрыгон мотоциклисттæ. Александр Колпаковыл 8 азы цæуы, ныридæгæн ын ис йæхи мотоцикл дæр. Куыд зæгъы, афтæмæй сæрмагонд фæндагыл дугъ кæныны зынæй ницы ис.

Мотоциклтыл дугъ кæныны спорт Цæгат Ирыстоны у уарзон футбол æмæ уæгъдибар хъæбысхæсты ӕмрæнхъ. Ам ерыс кæнынц суанг 70 азы онг кæуыл цæуы, ахæм дугъгæнджытæ. Ацы аз турнир снысан кодтой паддзахадон æдасдзинад хъахъхъæнæг оргæнты кусджытæй чи фæмард, уыдоны номыл.

Иу дугъæй иннæ дугъы ‘хсæн ис фынддæс минуты. Сæ радмæ æнхъæлмæ кæсынц се ‘фсæн бæхтыл 60 спортсмены. Ерыс кæнынц 12 категоримæ гæсгæ. Æмæ кæд къæвда уары, уæддæр боныхъæд ацы ерысты цыд нæ хъыгдары. Уæззау мотоциклтæ уымæл зæхх сæ быны анцонæй æссæндынц.

Дугъы райдиан барæг фæтыхсы, фæлæ куыд фæстæдæр, афтæ йыл йæ дæсныдзинад фæтых вæййы. Уæвгæ, 2 мин метры дæргъæн фæндагыл цæугæйæ, хæслæвæрдтæ сæххæст кæнын – спортсменты сæйраг хæс.

Трамплинтæ, ныццæуæнтæ, схизæнтæ – 15 алыхуызон хæслæвæрды. Ахæм фæндагыл ис афтæ тагъд ацæуæн, æмæ мотоцикл сгæпп кæны 30 метры онг. Уымæ гæсгæ, спорты фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, æмæ фаг фæлтæрддзинад кæмæ нæй, уыдонæн дзы архайыны бар нæ дæттынц. Ахæм сты æдасдзинады домæнтæ.

Архонкæйы станицæ æрвылаз дæр æрбамбырд кæны Цæгат æмæ Хуссар Кавказы федералон зылдты спортсменты. Уæдæ сæ уæлдай разæнгард та кæны ирон адæмы уазæгуарзондзинад. Ацы спортæй ерыстæ сты нæ республикæйы ахсджиаг спортивон цауты ‘хсæн.

Гæззаты Зæринæ

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Дыхание ледника Колка I По факту
6.10.2026
Архитектурæйы бон, Космосы æппæтдунеон къуыри æмæ фестиваль «Осетинская лира» I Йæ рæстæгыл
6.10.2026
Архитектурӕйы ӕппӕтадӕмон бон æмæ уадындзы цъæхснаг хъæлæс I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
6.10.2026
Амигдалæ I 05.10.2026
5.10.2026
Сезонные заболевания, «Школа фермера» и День учителя | Самое время
5.10.2026
С днем учителя! I Доброе утро, Осетия!
5.10.2026
03.10.2026 I Саутæ, буртæ мыдхуызтæ
3.10.2026
Их выбрало небо I Гвардия
3.10.2026
Давид Мусульбес I По большому счету
2.10.2026
Полилингвалон ахуырад, Хъахъхъæдуры куывд æмæ киноактер Бæззаты Скиф | Йæ рæстæгыл
2.10.2026
02.10.2026 I Доброе утро, Осетия!
2.10.2026
Мобильные социальные службы, открытие модельных библиотек во Владикавказе и актуальные новости недели | Самое время
1.10.2026
01.10.2026 | Ирон чат
1.10.2026
Ацæргæ адæймаджы æмæ музыкæйы дунеон бон I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
1.10.2026
Самвел Гаспарянц | Дело мастера
30.09.2026
Все рекомендуемое