preloader
сейчас в эфире
09:49
БЕДНЫЕ РОДСТВЕННИКИ (6-АЯ СЕРИЯ) 12+
Смотрите Далее
10:00
НОВОСТИ 12+
10:20
АЛАНЫ. ДОРОГА НА ЗАПАД 12+
12:10
МУЗЫКАЛЬНАЯ ГОСТИНАЯ 12+
13:00
ХАБÆРТТÆ 12+
13:20
ÆНУСОН ФАРН. СУАНТЫ ХЪАЗЫБЕГ 12+
ТВ ПРОГРАММА
БЕДНЫЕ РОДСТВЕННИКИ (6-АЯ СЕРИЯ) 12+
close

Киберспорт – пайда æви цы?

12.01.2018 17:48

Ацы спорты хуыз хорз у æви æвзæр, уый дызæрдыггаг фарста у. Раст зæгъгæйæ, спорт у æви нæ, ууыл дæр ма быцæутæ цæуы. Æнæмæнг уый у, æмæ азæй-азмæ компьютерон хъæзтытæй чи хъазы, уыдоны бæрц фылдæрæй-фылдæр кæны.

Ацы спорты хуыз хорз у æви æвзæр, уый дызæрдыггаг фарста у. Раст зæгъгæйæ, спорт у æви нæ, ууыл дæр ма быцæутæ цæуы. Æнæмæнг уый у, æмæ азæй-азмæ компьютерон хъæзтытæй чи хъазы, уыдоны бæрц фылдæрæй-фылдæр кæны. Нæ республикæйы киберспорт нырма ныр райдыдта парахат кæнын. Фæлæ ацы хуызы фыццаг фембæлд дæр æрæмбырд кодта бирæ фæсивæды. Компьютерон хъæзтыты дуг фæстæмæ азилæн нæй, уый бæлвырд хабар у. Фæлæ йæ йæхи бар ауадзын дæр нæ `мбæлы. Нæ уацхæсджытæ бæстонæй æркастысты ацы фарстамæ.

2001-æм азæй фæстæмæ киберспорт Уæрæсейы банымадтой официалон спорты хуызыл. Компьютерон хъæзтытæй ерыстæн сфидар кодтой традицион спорты хуызты халдих домæнтæ. Киберспорты дæр ис командæтæ, сæ фарсхæцджытæ, турниртæ, иугонд домæнтæ æмæ хæслæвæрдтæ, трансляцитæ. Фæлæ спорты ацы хуыз Цæгат Ирыстоны нырма парахат нæу. Афтæмæй та сын бирæ дæр нæ хъæуы: диван, кæнæ æндæр æрбадæн бынæттæ, стыр компьютер кæнæ телевизор æмæ хъазæн приставкæ – зæгъы компьютерон клубы хицау.

Быценты Георгий компьютерон клубы хицау: «Нæхæдæг дæр æрæджы базыдтам киберспорты тыххæй. Хъусынгæнинаг нæм æрбарвыста УФ-йы кибер футболы федераци æмæ сæ фæндыд нæ республикæйы дæр спорты ацы хуыз апарахат кæнын. Фæлварæны хуызы Дзæуджыхъæуы «Спартак»-имæ сарæзтам турнир «ФИФА 2018». æмæ æнхъæл дæр нæ уыдыстæм афтæ бирæ адæмы зæрдæмæ фæцæудзæн.уый. Æрбацыд нæм тынг бирæ адæм. Æмæ мæм куыд кæсы, афтæмæй куыд фæстæдæр ноджы фылдæр адæм архайдзæн киберфутболæй».

Нырма уал турнирты архайынц республикæйы спортсментæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ киберспорт банымайæн ис æхсæнадон змæлды хуызæн. Кæд йæ нысан у спорты ацы хуыз парахат кæнын у, уæд æй æххæст кæнынц.

Хацырты Хетæг киберспортæй архайæг: «Æрæджы ТВИНГО сарæзта турнир æмæ дзы мах, нæ командæ, бацахста 1-аг бынат. Мæ бон зæгъын у, æмæ ерыстæ бæрзонд æмвæзадыл цыдысты, æндæр афтæ нæ ацыдаиккой. Спортсменты цæттæдзинад дæр тынг хорз уыд. Уæлахиз та нæ къухы бафтыд, иттæг хорз æмæ тынг бирæ кæй тренировкæтæ кодтам, уый фæрцы».

Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, ралæууыд компьютерон хъæзтыты дуг. Куыд парахат кæнынц, уымæ кæсгæйæ зын бауырнæн нæу. Статистикæ куыд амоны, афтæмæй зæххы къорийы алы 5-æм цæрæг хъазы компьютерон хъæзтытæй. Экспертты нымадмæ гæсгæ та киберспорты æфтиæгтæ афæдзмæ сырæздзысты 120 млн доллæры онг. Суанг киноиндустри дæр йæ фæстæ фæуаддзæн. Хорз у æви нæ, уый алчидæр йæхæдæг йæхицæн равзары. Фæлæ психологтæ æмæ дохтыртæ сагъæсы сты – киберспорт тæссаг у адæмы æнæниздзинадæн.

Тадтаты Лаурæ психолог: «Киберспортыл чи фæцалх, уыдоны хонынц геймертæ. Арæхдæр сыл фæцахуыр вæййынц хистæр кары адæм æмæ æвзонг фæсивæд. Цы бинонты фæзындысты, уыдон фæдисы хъæр кæнынц. Уымæн æмæ дызæрдыггаг нал у – компьютерон хъæзтытыл чи фæцахуыр вæййы. уыдон свæййынц мæстыгæр, райдайынц иннæты æфхæрын, хыл кæнынц се ппæтимæ».

Специалисттæ æрцыдысты иу хъуыдымæ – киберспортмæ хъæуы бæстон æмæ биноныгæй æркæсын. Чи зоны дзы бирæтæ уымæн тæрсынц æмæ дзы дæрдты сæхи уымæн дарынц. Æмбарынц æй, алы хатт хуыздæрырæм кæй нæ фæзыны, уый. Уæвгæ, спорт хъуамæ адæймаджы хуыздæр кæна, æмæ йæ араза рæзты фæндагыл. Иннæрдæм – нæ.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Кинезиология и гирудотерапия I Доброе утро, Осетия!
12.10.2026
Дзантиаты Светланӕ ӕмӕ Сугъаты Хъазыбег I Куыд зӕгъай, афтӕ
11.10.2026
В итоге: 11.10.2026
11.10.2026
Инсулинорезистентность I Медикум
11.10.2026
Дзассохты Музафер I Æнусон фарн
10.10.2026
Мамытæ I Мыггаджы фæндæгтæ
10.10.2026
Хадыхъаты Франц ӕмӕ Тинӕ I Бинонтæ
10.10.2026
10.10.2026 I Гвардия
10.10.2026
Нарты Сосланы Бæрæгбон I Кувæг Ир
10.10.2026
Зынгсирвæзты ныхмæ мадзæлттæ, посты куыст æмæ чиныгкæсæджы бон | Йæ рæстæгыл
9.10.2026
Бонвæрнон I 09.10.2026
9.10.2026
Доброе утро, Осетия! I 09.10.2026
9.10.2026
Бизнес сфера I 08.10.2026
8.10.2026
Актёр Исса Дауров, медведи у жилых домов и актуальные новости недели | Самое время
8.10.2026
08.10.2026 | Ирон чат
8.10.2026
Все рекомендуемое