Хъазгæ нæ, цæргæ! Алы æнкъарæн, фезмæлд æмæ фæкаст дæр. Киномæкæсæг цы фены, уый у егъау куысты фæстиуæг. Исæн фæзы æмæ йæ арæнты æдде цы цæуы, уый тыххæй та хъуыдыты куы бафтай, уæддæр æй нæ банкъардзынæ, уым куы нæ уай, уæд. æмæ къæвда уара, мит – уæлдай нæу. Кино исынц цыфæнды уавæрты, хатгай цардæн тæссаг ран уæвгæйæ дæр. Нæ республикæ кинематографы историмæ бацыд «Осетинская легенда»-имæ. Систа йæ Дзанайты Азанбег 1965 азы Цæгат Ирыстоны.
Киноныв æнтыстджын кæй рауад, уый тыххæй Ирыстоны кинокультурæ размæ цæуын райдыдта. Æмæ 1967 азы рацыд «Возвращение Коста». Ирон телефильмты студи дæр уыцы аз сарæзтой, систой дзы дæсгай нывтæ. Æгас бæстæйыл айхъуыстысты «Жизнь, ставшая легендой», «Чермен», «Фатима» æмæ бирæ æндæртæ. Советон цæдис куы фехæлд, уæд студийы куыст æрлæууыд. Фæлæ режиссерты ныфс уый нæ асаста. Абон дæр сæ архайд æмæ курдиатæн æвдисæнтæ стæм.
Киноныв «Командир» стыр экрантæм рацæудзæн иннæ аз. Радзурдзæн, 1988 азы Дзæуджыхъæуы цы цаутæ æрцыд, уыдоны тыххæй. Бæлвырддæр та 42 скъолайы ахуырдзауты террористты уацарæй суæгъд кæныны операци «Гром»-ыл.
Ирон сценаристты куысты фæрцы цы проекттæ рацыдысты, уыдонæн дæр стыр нысаниуæг ис. Абон та республикæйы кинойы ног уддзæф бауагътой. Сæргълæууæг Сергей Менялойы æххуысæй архайынц æрыгон æмæ курдиатджын специалистты ссарыныл.
Хорз фæстиуджытæн та хъæуы аккаг фæрæзтæ. Стæй аппаратурæйыл чи куса, ахæм специалисттæ. Хорз кадр сисын, раздæр та ма йæм хи бацæттæ кæнын – кинойы дисциплинæ ахсджиаг у. Ирыстоны алæмæты æрдзы руаджы та сисæн ис цыфæнды дуджы тыххæй кино дæр.
Сценарист æмæ продюсер Сохъуырты Аслан йæ киноныв «7 чёрных бумаг»-æн равзæрста Дыгургом. Рацæудзæн иннæ аз, ныхас дзы цæуы дыууæ лæппуйы хъысмæтыл хæсты уæззау рæстæг. Сæйраг ролты – цæгатирыстойнаг фæсивæд. Уæвгæ, къордæн йæ 90% Ирыстонæй сты.
Ныртæккæ къабаз рæзы. Æмæ æрыгон курдиатджын фæсивæдæн уый тых дæтты. Фæзынд сын сæ бæллицтæ сæххæст кæныны гæнæн. Æмæ нæ уырны, ирд æмæ рæсугъд кинонывтæй нын нæ зæрдæтæ кæй балхæнгдзысты.
















