Кировы районы дарддæр æмбырд кæнынц фæззыгæндты тыллæг. Мæнæу æмæ хъæбæрхор. Фæстаг дыууæ азы æвзæр боныхъæды аххосæй районы фæззыгæндтæ нал байтыдтой. Ацы аз тауинæгты фæзуат фæфылдæр. Гектарæй сæмбырд кæнынц 5 тоннæйы онг. Къуырийы фæстæ куыстытæ кæронмæ æрхæццæ уыдзысты. Продукци уæй кæндзысты Уæрæсейы регионты.
Нырыккон комбайнтæ кусынц кооператив «Де-Густо»-йы быдырты. Тыллæг æмбырд кæныны рæстæг йæ тæмæны бацыд. Алы аз дæр тауинаг фæзуæтты бæрц ивы. Фæлæ, фæззыгæндтæн кæддæриддæр рахай кæнынц фылдæр бынат. Ацы аз тыллæг бæркадджын кæй уыдзæн, уымæй кооперативы стыр ныфс уыди. Фæлæ, боныхъæд хуыздæртæй нæ разынд.
Иннæ аз быдырты байтаудзысты хъæбæрхор. Агрономты ныхæстæм гæсгæ, хæрзхъæддзинад зæрдæ ‘хсаинаг нæу. Сыхаг кооператив «Агро-Ир»-ы та 370 гектарыл байтыдтой мæнæуы дыууæ хуызы. Тыллæг æмбырд кæнын райдыдтой 2 боны размæ. Сæ фæллойæ разы сты.
Æдæппæтæй Кировы районы ацы аз фæззыгæндтæ байдыдтой 3 мин гектары фæзуатыл. Фаронимæ абаргæйæ уый у фылдæр. Тыллæг кæронмæ сæмбырд кæндзысты къуырийы кæронмæ.
Бæркадджын тыллæгæн канд хорз боныхъæд нæ хъæуы. Ахсджиаг ма у, специалистты хъуыдымæ гæсгæ, мыггаджы хæрзхъæддзинад æмæ ног техникæ.